Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар совет Звиад Ратианийы хъастимæ не сразы ис
Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар совет Звиад Ратианийы хъастимæ не сразы ис æмæ Телеуынынады хæдрегулиргæнæг оргæны скуыддзаг йæ тыхы ныууагъта.
Хъастгæнæг фарс Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар советы хъаст кодта хæдрегулиргæнæг органы скуыдзагыл.
Æвджиддар совет Звиад Ратианийы хъасты æртæ хайæ æркастис æмæ йын хал сæппæрста.
Æвджид лæгтæ уынаффæ кодтой, Æхсæнадон Телеуынынады æрдгæй Звиад Ратианиимæ баст æрмæджы срухс кæныны рæстæджы хъахъæд уыд æви нæ æнæфæсайгæдзинад; уыдис æви нæ бынат фыдзæрдæ æвзагæн æмæ æфхæрд æрцыд æви нæ хисæрмагонд царды æнæфæцагайгæдзинады принцип.
Советы абоны рабадты хайад истой 6 уæнгы. Абоны рабадтыл нæ уыдысты æвджиддар советы сæрдар Григол Гогелиа æмæ советы уæнг Ираклий Папава.
Æртæдæр фарсты хайлæппæрсты рæстæджы, æвджиддар советы хъæлæстæ адих сты. Советы уæнгтæ Кети Мсхиладзе æмæ Ирина Путкарадзе банымадтой, цæмæй Звиад Ратианиимæ баст æрмæджыты срухс кæныны рæстæджы, Фыццаг æмæ Дыккаг принциптæ æрцыдсты æфхæрд. Рабадтыл уæвæг цыппар уæнгæн – Марина Мусхелишвилиййæн, Гиорги Кохреидзейæн, Гиорги Нижарадзе æмæ Гиорги Иакобашвилийæн уыдис хъауджыдæргонд позици æмæ этикæйы нормæты хæлдыл ницы банымадтой.
Цыдæриддæр хисæрмагонд царды нæфæцагайгæдзинады принципмæ æххæссы, æвджиддар советы уæнгтæ, Кети Мсхиладзе æмæ Ирина Путкарадзе банымадтой, цæмæй Звиад Ратианимæ гæсгæ фæнысагонд принцип æрцыд саст, Гиа Нижарадзе дзуаппæй йæзи баурæдта, æрмæст советы æртæ уæнг та – Марина Мусхелишвили, Гега Кохреидзе æмæ Гиа Иакобашвили не сразы сты семæ.
Æхсæнадон Телеуынынады æвджиддар советы уæнгтæ афтæдæр план кæнынц, фембæлой Æхсæнадон Телеуынынады менеджментыл æмæ Телеуынынады уагахсты кодексмæ бахæссинаг ног регуляцитыл æруынаффæ кæной семæ.