Этникъон къаддæрдæрты  организацитæ ноджы  иу хатт æрсидтысты адæмон хъахъæхъæнгмæ,   Телеуынынады  æвджиддар советы уæнгтæм  канидадтæй бавдиса Изабелла Осиповайы
Этникъон къаддæрдæрты организацитæ ноджы иу хатт æрсидтысты адæмон хъахъæхъæнгмæ, Телеуынынады æвджиддар советы уæнгтæм канидадтæй бавдиса Изабелла Осиповайы

Этникъон къаддæрты  организацитæ  нолджы иу  хатт  æрсидтысты  адæмон хъахъхъæнæг  Нино  Ломджариамæ, фылдæр хъусдард равдиса  этникон  къаддæрты  бирæазон  æркуырды æрдæм æмæ Æхсæнадон Телеуынанады  æвджиддар  советы  уæнгтæм  кандидатæй  бавдиса Изабелла Осиповайы.

Уый фæдыл  фæнысангонд у  организациты æрдгæй  ахæлиугонд   фидиуæны.

Уыйимæ иумæ, фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй,  этникон  къаддæрты  организациты  бавдыст  канидадт  Изабела  Осипова  æмбæлон у  алы  критеримæ –  у журналист,  бартæхъахъъæнæг, къуындæг æмгуыст кæны  этникъон  организацитимæ, йæхæдæг у  этникон каддæрты минæвар    æмæ ацы рæстæджы  у рæстаг,  объективон,    цыфæнды æндæвдадæй  сæрибар   кандидат.

Фидиуæны  разагъд у фæсмон  уый тыххæй, цæмæй   алы критеримæ æмбæлон уæвынмæ æнæкæсгæ,  этникон каддæртæ йæ фарс кæцы  кандидатæн разхæцыдысты, уый   нæдæр парламентон   фылдæрты, нæдæр  парламентон каддæрты  æмæ  нæдæр адæмон  хъахъхъæнæгы  æрдгæй нæ уыд бавдыст  Гуырдзыстоны парламенты  раз.

Фидиуæн  у  этникон  каддæрты организациты æрдгæй æмæ йыл йæ къух фыссы  43 адæймаг.

Æхсæнадон телеуынынады æвджиддар советы уæнгтæм  адæмон  хъахъъхæнæгы   бавдыст  Звиад  Девдариани  йæ  кандидатурæ  систа.

Уыйаххосæй  ссис, «Сылгоймæгты  змæлды»  ахæлиугонд фидиуæн,  кæцыйы мидæг  Девдарианийы  фæазымджын кодтой  сексуалон   фæлгъуыды.