Æхсæнадæмон Республикон Институт - рафарст цæрджыты 33 процент, уæлрадон æвзæрстытæ ауадзынимæ категорионæй нæ разы кæнынц, 12 % та зæгхæн ис не сты разы
Æхсæнадæмон Республикон Институты (IRI) иртасæнмæ гæсгæйæ, фарстыл зæгъгæ разы стут æви нæ оппозицион пратиты æркуырдимæ уæлрадон æвзæрстытæ ауадзыны фæдыл, респондентты 33% дзурынц, цæмæй категорионæй нæ разы кæнынц уæлрадон æвзæрстытимæ, 12% дзурынц цæмæй дзæвгар нæ разы кæнынц.
Рафарст æмбæстæгты 25% бæлвырд дзурынц, цæмй разы сты оппозицион партиты æркуырдимæ, 20% та загътой цæмæй дзæвгар разы сты.
Фарстыл дзуапп нæй/нæ зоны рафарст цæрджыты 9%.
Иртасæн ацыд Æхсæнадæмон Республикон Институты иртæстыты центры номæй 2021 азы 2-26 февралы периоды.
Иртасæны быдырон куыстытæ сыххæст кодтав «IPM». Бæрæггæнæнтæ баххæст сты стратификацион бирæкъæпхæнджын сæмбæлгæ равзæрсты методæй, комкоммæ интервьюйы фæрцы. Æвзæрст уыдысты æвзарæнон хъæлæсы бар æмæ кар кæмæн ис ахæм 1500 æмбæстаг. Рæдыды арæн у +/- 2.5 процент, дзуапп дæттыны бæрæггæнæн -75%. Иртасæны сххæст кæнын гæнæн баис америкаг адæмы æххуысæй, АИШ-ы æхсæнадæмон рæзынады агентады фæрцы.