Æхсæнадæмон Республикаг Институты Евразийы директор - Цæрынæн ахсджиаг у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад æвзæрстыты дыккаг туры онг рараст кæна уыцы аиппытæ, кæцы 31 октябры фæбæрæг сты
Æхсæнадæмон Республикаг Институт (IRI) техникон æвзарæнон аргъгæнæг миссийы æхсæйнаг хыгъдлæвæрд публикаци скодта, кæцы æххæссы 31 октябры парламентон æвзæрстыты анализмæ æмæ рекомендацитæм 21 ноябрмæ нысангонд дыккаг турмæ. Информацийы хъусын кæны Æхсæнадæмон Республикаг Институт Гуырдзыстон- IRI Georgia.
«Гуырдзыстоны ацæугæ æвзæрстытæ, конституцион æмæ æвзарæнон ивддзинæдтæй бæлвырд ног стандарттæм æмбæлон нæ уыдысты æмæ æвзарæнон администрацийы æрдæм цæрджыты æууæнк фæкъаддæр ис. Цæрынæн ахсджиаг у, цæмæй Гуырдзыстоны хицауад бафæраза фидæн æвзæрстытæм æууæнкы æмæ рухсдзинад фæхуыздæр кæнын æмæ дыккаг туры онг рараст кæна уыцы аиппытæ, кæцы 31 октябры фæбæрæг сты»,- райхъусын кодта Æхсæнадæмон республикаг Институты Евразийы директор Стивен Никс.
Æхсæйнаг хыгъдлæвæрдмæ гæсгæ, 31 октябры парламентон æвзæрстытæ сабыр уавæрты, бæстæйы закъондæттынадмæ æмбæлгæйæ куы ацыдысты уымæ нæкæсгæйæ, разæвзарæнон периоды æмæ æвзæрстыты бон фиксиргонд халындзинæдтæ негативонæй фæзындысты æвзæрстыты æххæст процессмæ æууæнкыл.
«Цæстдарджытæ цы аиппытæ рабæрæг кодтой, уыдонæй банысан кæнын хъæуы администрацион ресурсæй пайда кæнын, æвзæрстгæнджытæн гæртам, æвзæрстгæнджытæм æмæ цæстдарджытæм хъомысдарын, фадыгон æвзарæнон комисситы хатдзæгон протоколты цыфрæтæй манипуляцитæ æмæ фæстиуджытæн хисæрмагонд фæндонмæ гæсгæ архайны процесс, кæцы æсхæнадæмон стандарттæм рабæззынæн, æгъгъæд рухсдзыд нæ уыд.
2020 азы 21 ноябрмæ нысангонд дыккаг туры æмæ 9 парламентон оппозицион партиты æхсæн цæугæ бадзырдты фоныл, миссийы хыгъдлæвæрд æнхъары Гуырдзыстоны хицауадæн, политикон партитæн æмбæстагонд дзыллæ æмæ медийæн, фидæн æвзæрстытæм æууæнк фæхуыздæр кæнынæн, бакуыст рекомендацитæ», – баныфсангонд у «Æхсæнадæмон Республикаг Институт Гуырдзыстон- IRI Georgia»-ы ахæлиугонд информацийы.