Æхсæнадæмон компани Гудаурийы зиангонд рæтæн фæндагыл сæххæст кодта сæйраг иртасæн
Экономикæйы министрады информацийæ «Садзэлэйы» рæтæн фæндагыл æрцæгæ цауы фæдыл экспертты хатдзæг æввахсдæр бонты суыдзæн бæрæг.
Министрады ахæлиугонд информацийы банысангонд у, цæмæй компанийы эксперттæ бацахуыр кодтой куыд документац, афтæ йæхæдæг «Садзэлэйы» рæтæн фæндагыл сарызтой деталон сгæрст цауы аххосæгты рабæрæг кæнынæн.
«Æхсæнадæмон компани «Бюро Веритасы» минæвæрттæ кæцытæ Гуырдзыстоны хицауады æрхуындæй æртыккаг бон у, Гудаурийы сты, сæйраг иртасæн сæххæст кодтой æмæ хатдзæгы цæттæ кæнынмæ æрывнæлдтой.
«Бюро Веритас» бындурæвæрд æрцыд 1828 азы æмæ абон дунейы у лидер компани тестирдзинады, техникон инспектир кæныны æмæ сертификацийы æрдгæй, кæцымæ ис рæтæн лифтыты басгæрсты æмæ экспертизæйы специалон хайад.
16 марты Гудаурийы æрцæугæ цауы фæдыл хæдбар, æхсæнадæмон экспертты хатдзæг æрцæттæ кæнынæн, Гуырдзыстоны хицауад растдæр «Бюро Веритасы» минæвæртты æрхуыдта, кæцытæ Гуырдзыстоны прокуратурæйы, мидхъуыддæгты министрады, техникон æмæ арæзтадон цæстдарынады агентады æмæ рæтæн фæндæгты амалгæнæг компани «Допельмейеры» минæвæрттимæ иумæ цалдæр бонон деталон иртасæн сæххæст кодтой.
«Бюро Веритасы» эксперттæ Гудаурийæ абон рацæудзысты. Сæ хатдзæг дзыллæйæн æввахс периоды суыдзæн зындгонд» – хъусын æнынц экономикæйы министрады.