Æфтиæгты куыст – информаци, цæвиттон Уæрæсе санкциты иуфарс цæуы Гуырдзыстоны æххуысæй, бынтон гæдыдзинад у
Æфтиæгты куыст æмбарын кæны, цæмæй санкциты сыххæсты фæдыл радон дезинформаци ахæлиу ис. Æфтиæгты куыты фидиуæны банысангонд у, цæмæй медиайы уагъд сюжет, кæцыйы бæлвырд формæйæ загъдæуыд, цæвиттон сæм ис а.х. «æнæфæсайгæ бæлвырдгæнæнтæ цæмæй куыд æнæпроблемæйæ алыг кæнынц Уæрæсейы æмбæстæгтæ автомобилы акæнынæн хъуыддæгты, закъоны иуварс цæугæйæ» æмæ цæмæй Уæрæсе карз санкциты иуфарс Гуырдзыстоны æххуысæй зилы, уый гæдыдзинад у.
«Æххæст бæрнæй хъусын кæнæм, цæмæй Гуырдзыстоны æххæстæй æмæ фидар хъахъхъæны æхсæнадæмон санкциты сыххæсты процедурæтæ æмæ нæй уый бакомкоммæ бæовырдгæнæн иунæг факт.
Финансты министрады æфтиæгты куыст, информацийы ахæлиуы бæрзонд стандартмæ æмбæлгæйæ медиафæрæзтæм сиды, сæхи фæуромой æхсæнадæн æнæраст факттæ зонын кæнынæй, уагдæтты æмæ æбæстæйы дискрелитацийæ» – банысангонд у æфтиæгты куысты информацийы.