Æддагполитикон уагдон - Турчы стихийы зонæйы бæрæг у Гуырдзыстоны дæсгай æмбæстагы бынат, сæ уавæр æвæрццаг у, цæуынц дыууæ æмбæстагы агурæн мадзæлттæ
Турчы республикæйы æрцæугæ масштабон зæххæнкъуысты фæстæ Турчы Гуырдзыстоны минæварад стихийы зонæйы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ баххуыскæнынæн дарддæр кæны уæлвæтк режимæй кусын.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгты уавæры æмæ уæвыны бынаты сбæрæг кæныны нысанæн, минæварад иудадзыг контактыл ис Турчы Республикæйы уæлвæтк уавæрты центримæ (AFAD).
Банысанкæнинаг у, цæмæй 24 сахатон режимæй кусы Турчы Гуырдзыстоны минæвараы тæвд хаххытæ дæр, кæцытæм ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты æмæ сæ бинонты уæнгты минæй фылдæр телефонон дзырд сыххæст ис. Бæрæг куыд у афтæмæй, ац этапыл Гуырдзыстоны æртæ æмбæстагы мæлæт у бæрæг, сæ нымæцы иу æмбæстагы нырид æрластой Гуырдзыстонмæ. Банысанкæнинаг у, цæмæй ацы афонмæ бæрæг у Гуырдзыстоны дæсгай мбæстагы уæвыны бынт, сæ уавæр та æвæрццаг у. Цæуы агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ дыууæ æмбæстагы фæдыл г. Газиантепы æмæ г. Скандеруны.
Минæварад активон кусы стихийы зонæйы уæвæг æмбæстæгты æдасæй раласыны æмæ сын баххуысы альтернативон фæндæгтæ бацагуырдыл. Хъуамæ банысан уа, цææмй стихийы зонæйы фæстæмæ куылмпыгонд у змæлдб æрмæст автомагистралтыл цæуынц сноггæнн куыстытæ.
Стихийы зонæйы æрдæм сæрибарæй змæлын сæ бон у æрмæст ирвæзынгæнæн къордтæн æмæ гуманитарон æххуысы колоннæтæн. Уавæр ноджы карздæр кæнынц уæззау метеорологион уавæртæ, уазал æмæ митуард. Æрвылбойнонæй фылдæр кæны зианбавзарлджыты æмæ фæмардуæвджыты нымæц. Турчы Гуырдзыстоны минæварад иудадзыг контактыл ис стихийы зонæйы уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ, сæ хъæуындзинæдтæ сбæрæг кæныны нысанæн»- хъусын кæнынц фæсарæн хъуыддæгты министрады.