Æддагполитикон уагдон - Сагъæсгæнæг стæм оккупацигонд территоритыл Уæрæсейы уæлæмхас базæ саразыны æмæ Уæрæсейы инициргонд интеграцион процесстæм Абхазы регионы бафтауыны тыххæй
Нæ сидт Уæрæсейы Федерацимæ, ома цыт кæнæт æхсæнадæмон хæсистытæн, сыххæст кæнæнт Евроцæдисы æхсæны бацыдæй 2008 азы 12 августы æвæрд æхст фæурæды фæдыл бадзырд æмæ ныууадзæт Гуырдзыстонæй æнæраскъуынгæ регионты æнæзаконон оккупаци – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады прессæ æмæ информацийы департаменты комментарийы.
«Мæстыдзинад æвдисæм Сухумы Уæрæсейы оккупацион режимы фидиуæнты тыххæй оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл Уæрæсейы уæлæмхас æфсæддон базæтæ саразыны æмæ Уæрæсейы æрдгæй инициргонд интеграцион процесстæм Гуырдзыстонæй æнæраскъуынгæ Абхазы регионы бафтауыны фæдыл.
Ахæм архæйдтытæ сты Гуырдзыстоны сувернитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады гуырымыхъхъ халын æмæ Абхазы æмæ Цхинвалы регионты æнæзаконон оккупацийы легитимацийы æрдæм радон провокацион архайд.
Æхсæнадæмон æмгарад хъæддых йæ фарс дары Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинадæн.
Нæ сидт Уæрæсемæ, ома цыт кæнæт æхсæнадæмон хæсистытæн, сыххæст кæнæнт Евроцæдисы æхсæны бацыдæй 2008 азы 12 августы æвæрд æхст фæурæды фæдыл бадзырд æмæ ныууадзæт Гуырдзыстонæй æнæраскъуынгæ регионты æнæзаконон оккупаци» – хъусын кæнынц Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады.