Æддагполитикон уагдон - НАТО-ы Брюсселы форумыл Ираклий Гъарибашвили, дунейы лидертимæ иумæ уыдзæн акæнæг спикерæй
2021 азы 14-18 июны цæугæ НАТО-ы саммиты фæлгæтты, ацæудзæн Брюсселы форум. Форумы веб-фарсыл публикацигонд уыд мадзæлтты бонвæтк, кæцыйыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили акæнæг спикертимæ иумæ бавдыст у НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ æмæ дунейы лидертимæ , уый нымæцы Турчы преиздент Реджеб Тайип Эрдогъанимæ, Канадæйы премьер-министр Джастин Трюдоимæ, Германийы канцлер Ангела Меркелимæ, Бельгийы премьер-министр Александер да Крусимæ, Эстонийы премьер-министр Кайя Каласимæ, Грецийы премьер-министр Кририакос Мицотакисимæ, Словакийы президент Зузана Чапутоваимæ иумæ, – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад ахæлиугонд информацийы.
Афтæма сæ информацийæ, мадзалы, кæцы тематон панелтæй арызт уыдзæн, Гуырдзыстоны хицауады сæргълæууæг дзырдæй ралæудзæн панелыл, номхуындæй «Investing in Resilience», кæцыйы фæлгæтты хъусдард здæхт уыдзæн НАТО-йы æмцæдисонты æхсæн æнæцудгæдзинад интегриргонд æмæ координиргон ахасты ивестирдзинады нысаниуæгмæ.
Раныхасгæнджыты æхсæн афтæдæр уыдзысты АИШ-ы минæвæртты палатæйы уæнг Джерард Конноли æмæ атлантикон советы директор Анна Виесландер.