Æддагполитикон уагдон – Гуырдзыстоны минæварады информацийæ,  гарзджын бырсты рæстæджы Газæйы секторы Гуырдзыстоны цыппар æмбæстаг уыд, ацы этапыл сæ цыппардæр сты  æдас ран
Æддагполитикон уагдон – Гуырдзыстоны минæварады информацийæ, гарзджын бырсты рæстæджы Газæйы секторы Гуырдзыстоны цыппар æмбæстаг уыд, ацы этапыл сæ цыппардæр сты æдас ран

Гуырдзыстоны  минæварадмæ  уæвæг  информацийæ, гарзджын   бырсты рæстæджы  Газæйы  секторы  уыдис  Гуырдзыстоны  цыппар æмбæстаг. Уыдон  сæ цыппар дæр ацы  этапыл  сты  æдас  ран, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн   фæсарæн хъуыддæгты министрады  фехъусын кодтой.

Уагдоны информацийæ, фæнысангонд информаци  сбæлвырд ис  куыд  израилы фарсимæ, афтæма  ацы  цыппар  гоймагæй  сæ иуимæ  коммуникацийы фæстиуæгæн.

«Интернеттыгъдады ахæлиугонд  фотоæрмæгыл, цæуы   бацахуыр  æмæ   цалынмæ нæ фæбæрæг уыдзæн деталтæ,  уæдмæ æнæбæлвырд информаци хæлиукæнынадæй  уæ  курæг  стæм уæхи бауромут», –  банысан кодтой  уагдоны.

Газæйы секторæй Израилы æрдæм  ракетæтæ  знон  боныцъæхыл   фехстой.  Бырстыл   бæрн  йæхимæ  систа змæлд «Хамас».  Израилы медиайы  ахæлиугонд  фæстаг информацийæ,  «Хамасы»  ракетон   бырсты фæстиугææн   фæмардуæвджыты нымæц  300-ы онг  райрæзт.   Бæстæйы  æппæт территорийыл  æрбайстæуыд   уæлвæтк уавæр.

Израилы  уæвæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн   скусын кодтой  тæвд хахх.