Æддагполитикон уагдон -  евроцæдисы уæнгдзинадыл куырдиатæй æмæ уæнгсуæвыны  фарстаты анкет раттынæй, Гуырдзыстон Евроцæдисимæ интеграцийы процессы нысаниуæгджын этапмæ хизы
Æддагполитикон уагдон - евроцæдисы уæнгдзинадыл куырдиатæй æмæ уæнгсуæвыны фарстаты анкет раттынæй, Гуырдзыстон Евроцæдисимæ интеграцийы процессы нысаниуæгджын этапмæ хизы

Евроцæдисы  уæнгдзинадыл куырдиат бавдыстæй  æмæ   абон  уæнгдзинады фæдыл  фарстаты  анкет  ралæвæрдæй, Гуырдзыстон хизы   бынтон ног,  бирæ  амбицион  æмæ  бстæйæн  нысаниуæгджын   этапмæ  Евроцæдисимæ интеграцийы  процессы –  уый фæдыл  информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад.

«Уый у   логикон æмæ Евроцæдисы   процедурæтæй  бæрæг   къахдзæф, кæцы  йæ  хъуыдыйы  дары  бæстæйы  цæттæдзинадæн аргълæвæрд æндæр æмæ æндæр  ардгæй, уый нымæцы  политикон, экономикон æмæ  закъондæттынады æмбæлондзинады цæстæнгасæй»- банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты  министрады  информацийы.

Горæт  Люксембурджы Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыд  Евроцæдисы кандидаты статусы  хиаргълæвæрды   фарстаты анкет,  кæцыйыл æнцойæ  Еврокомисси  æрцæттæ кæндзæн  сæрмагонд  аргълæвæрд (Opinion),   бæстæйæн  кандидаты статус  раттыны фæдыл.  Фарстаты анкет, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Илиа Дарчиашвилимæ  радæтта  сыхагон æмæ ауæрæхы фарстаты  еврокомиссар  Оливер Вархей.