Æддагполитикон уагдон - Деоккупаци æмæ бафидауын у иунæг фидар бындур иугонд æмæ фидар паддзахады сабыр æмцардæн æмæ иумæйаг фарн сифтонг кæнынæн
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Сухумы састы 29 азысæрмæ гæсгæ, комментари публикаци кæны, кæцыйы банысангонд у, цæмæй конфликты сабырæй аскуыддзагæн альтернативæ нæй.
«2022 азы 27 сентябры, Сухумы састæй 29 азы рацыд. 27 сентбяры Уæрæсей агрессийæ сæвзæргæ гуырдзиæгты æмæ абхазæгты иумæйаг трагеди у, кæцыйæн Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстонæй æнæраскууынгæ регион – Абхазы оккупаци, дæсгай мин адæймаджы мæлæт æмæ сæдæгай мин адæймаджы сæрмагонд бæстæйы лигъдонтæй ффестын кæнын.
Абон мысæм бæстæйы иудзинадæн тохы хъайтаронæй мард хæцджыты æмæ сабыр цæрджыты æмæ тæфæрфæс кæнæм сæ бинонтæн æмæ хæстæджытæн.
Конфликты сабырæй аскуыддзагæн альтернативæ нæй – деоккупаци æмæ телæмбондтæй фæхицæнтæгонд æмбæстонты æхсæн æууæнкы æрыздахын æмæ бафидауын у иунæг фидар бындур иугонд æмæ фидар паддзахады сабыр æмцардæн æмæ иумæйаг фарн сифтонг кæнынæн», – банысангонд у фæсарæн хъуыддæгты министрады публикацигонд фидиуæны.