Æддагполитикон уагдон – Ассоциацидзинады бадзырд бафыссынæй авд азы сæрыл, Гуырдзыстон æрцыд нысаниуæгджын прогрессмæ Евроцæдисмæ интеграцийы æрдгæй, кæцыйæн ис конкретон рахатинаг фæстиуджытæ
Ассоциацидзинады бадзырд бафыссынæй авд азы сæрыл, Гуырдзыстон æрцыд нысаниуæгджын прогрессмæ Евроцæдисмæ интеграцийы æрдгæй, кæцы конкретон рахатинаг фæстиуджытæ æрхаста æмæ закондæттæг æмæ институцион æмвæзыл Евроцæдисы стандарттæм æрыввахс ис – уый фæдыл банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийы.
«Гуырдзыстон дарддæр кæны евро-регуляцитæ æмæ евро-директивæтæм закондæттынады æрдгæй бахæстæг, уый фæстиуæгæн та нымадмæ ист Хурыскæсæн партнерады регионы лидер реформатор бæстæйæ.
Ассоциацидзинады бадзырд кæцымæ хауы Евроцæдисимæ сæрибар базарад (DCFTA), басхуыста Гуырдзыстон-Евроцæдисы базарадон-экономикон ахастытæ рапарахат кæнын, уый нымæцы райрæзтис Гуырдзыстонæй националон продукцийы экспорт (15%), Евроцæдис та ссис Гуырдзыстоны сæйраг базарадон партнер (24%). Бадзырд афтæдæр баахъаз кодта Гуырдзыстоны инвестицион климаты фæхуыздæр, сæрмгаондæй та Гуырдзыстоны территорийыл инвестирдзинады æмæ продукци уадзыны цауы, инвестортæм лæвæрд уыдзæн фадат тарифтæй уæгъдæй рахæссой сæ продукци Экспортмæ Евроцæдисы базармæ. Энергетикæйы сферæйы Евроцæдисимæ æмгуыстад дæр ног этапмæ ахызт æмæ 2016 азы Гуырдзыстон Европæйы энергетикон иугонды уæнгæй ссис.
Нысаниуæгджнæй райрæзтис Гуырдзыстонæн Евроцæдисы æххуыс, кæцыйы гуырхаст фæстаг авд азы мидæг иу миллард евройæ ахызт. Бадзырды фæлгæтты этапгай рæзы Евроцæдисы финансон æххуысы масштаб, кæцы æрвылазонæй, æрмæст дыууæфарсон форматы 120-130 милуан Евромæ хæццæ кæны, æрмæст бирæфарсон форматты Гуырдзыстон уæлæмхас баст у æндæр æмæ æндæр регионалон æххуысы программæты.
Уæлæмхас импульс уыд лæвæрд Евроцæдисы фæлгæт программæты хайадæн «ERASMUS+, Горизонт 2020, Сфæлдыстадон Европæ) æмæ Европаг агентадтимæ æмгуыстадæн (FRONTEX, EUROPOL, EUROJUST æмæ а.д.).
Ассоциацидзинады бадзырды фæлгæтты æнтыстджынæй сæххæст реформæтæ, ахъаззаг уыдысты 2017 азы виза-либерализацийы процесс æнтыстджынæй сыххæстæн.
Фæнысангонд æнтысты фæстиуæгæн, 2024 азмæ Гуырдзыстон план кæны бадзырды 60-65%-æй сыххæст æмæ Евроцæдисы æххæстаргъджын уæнгæй суæвынæн куырдиат бавдисын» – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты уагдоны информацийы.