Æддагполитикон уагдон -  2021 азы АИШ-ы националон хъахъхъæнынады авторизацийы законопроекты Гуырдзыстоны нымад цæуы  АИШ-ы  аргъджын партнерыл
Æддагполитикон уагдон - 2021 азы АИШ-ы националон хъахъхъæнынады авторизацийы законопроекты Гуырдзыстоны нымад цæуы АИШ-ы аргъджын партнерыл

АИШ-ы минæвæртты  палатæ  сфидар кодта  21 июлы  2021  азы  АИШ-ы   националон хъахъхъæнынады  авторизацийы  закъонопроект  (NDAA), кæцыйы   хицæн сæр нывонд у  АИШ-Гуырдзыстоны æмкуысткæнынадæн (SEC. 1244. SENSE OF CONGRESS ON SUPPORT FOR GEORGIA), кæцы амоны  Гуырдзыстоны  нысаниуæгджын ролы тыххæй  Европæйы  æдасдзинады контексты – уый фæдыл  информацийы  хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.

Уагдоны  хъусинагæй,  афтæ куыд Европаг æдасдзинады  хай,  Гуырдзыстоны нымад цæуы  АИШ-ы  аргъджын партнерыл.

«Дркумент ноджы иу  хатт бæлвырд кæны АИШ-ы æмæ  Гуырдзыстоны  æхсæн  стратегион   партнерады  фæфидар кæнынмæ æмзæрдæ  ахаст.  Конкретонæй  та, æнцой дары  Гуырдзыстоны суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн,  оккупацигонд  Гуырдзыстоны  территориты  æнæбанымады политикæйæн. Афтæма хахх кæны Уæрæсейы  агрессийы ныхмæ хъæддыхдзинад фæтынг кæныны æмæ  уромынхъомад  фæтынг кæнынæн,  леталон æмæ  æнæлеталон  фæрæзтæй  Гуырдзыстонæн æххуысы æмæ  регионы  стабилондзинады  нысаниуæг.

Фæнысангонд  хæслæвæрдтæ сæххæстæн,  документмæ гæсгæ, минæварадон палатæ, нысанæмрастыл банымадта  иргъæфы  фадæттæ фæтынг кæнын  æмæ  цæттæдзинадæн къухаразын, НАТО-йы тыхтимæ æмбæлондзинад фæхуыздæры æрдæм, Гуырдзыстоны æмæ Сау денджызы  регионон партнертимæ  æмгуыстад æмæ бастдзинад  фæтыннг кæнын» –  дзырдæуы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады  фидиуæны.

Уагдоны райхæлдтой, цæмæй  зæгъгæ документмæ  гæсгæйæ,   акт скусын кæнынæй  180 боны  дæргъы, АИШ-ы паддзахадон нымæрдармæ, хъахъхъæнынады нымæрдаримæ координацигондæй, лæвæрд цæуы хæс, Конгрессмæ  бавдиса  хыгъдлæвæрд, Гуырдзыстоны (афтæма Украинайы, Молдовæ æмæ Азербайджаны) тыхбын бынативгæ  уæнгты  статусы фæдыл,  уый нымæцы, информаци  фæнысангонд бæстæты  оккупацийæ скуыд территоритыл  æцæгæлон тыхтæ цы  адæмы амардтой уыдоны  нымæцы фæдыл.  Атæма акты скусын кæныны моментæй  180 боны дæргъы, АИШ-ы паддзахадон нымæрдарæн бахæс кодтой, АИШ-ы æндæр æмбæлгæ уагдæттимæ координацигондæй, бавдиса Конгрессмæ хыгъдлæвæрд, кæцыйы уыдзæн  информаци  АИШ-ы æрдгæй  НАТО-йы  ахсджиаг партнертæн, сæ нымæцы Гуырдзыстонæн  экономикон кæнæ уый æнгæс  æндæр  æххуысы фæдыл.  Афтæма,  фæнысангонд  закъоны  скуыстæй  уæлдæрбанысангонд æмгъуыдты, паддзахадон нымæрдар  Конгрессы æмбæлгæ комитетæн  хъуамæ бавдиса  хыгъдлæвæрд,  демокративон институтты  фæтынг кæныны,  закъоны сæйрагдзинад сфидаркæныны æмæ алы  уыцы æрдæмады тыххæй, кæцы  æмбæлон у  хыгъдлæвæрды  мидисимæ.

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады аргълæвæрдæй, фæнысангонд  документ  ноджы иу  хатт  бæлвырд кæны  цæмæй  Гуырдзыстонимæ баст фарстатæ –  АИШ-Гуырдзыстоны стратегион  партнерад фæарфдæры æмæ  бæстæйы   иргъæфы фадæттæ  фæтыхджын кæнын, сæ нымæцы  уырыссаг агрессий уромыны контексты  æмæ  регионалон  æдасдзинады  фарстатæ,  традиционæй  лæууынц АИШ-ы политикон бонвæткы.

«Нысаниуæгджын у, цæмæй хъахъхъæнынады æмæ ææдасдзинады æрдгæй  æмгуыстад дыууæ бæстæйы  ахастыты  сæрмагонд бынат ахсы, кæцы  фидар у куыд Конгрессы æххуысæй, афтæ АИШ-ы æххæстгæнæг хицауады арызт  конкретон къахдзæфтæй» – банысангонд у Гуырдзыстоны Фæсарæн хъуыддæгты  министрады ахæлиугонд информацийы.