Адæмон барты хъахъхъæнæг 2008 азы августы хæсты 15-æм азысæрмæ гæсгæ фидиуæн публикаци кæны
Адæмон барты хъахъъхæнæг Леван Иоселиани 2008 азы августы хæсты 15-æм азысæрмæ гæсгæ фидиуæн публикаци кæны.
Фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, оккупацион режимы æрдгæй дарддæр кæны гоймæгты æнæзакъонон æрцахстыты практикæ, афтæма æнæзакъонон бордеризацийæ цы хонынц уый.
Омбудсмен æрсидтис Гуырдзыстоны хицауадмæ, алы æхсæнадæмон механизмы фæрцы æмæ æхсæнадæмон æмгарады æмхайадæй, стынг кæна æлхъывд оккупацион режимыл оккупацигонд регионты цæрæг адæймæгты барты бахъахъхъæнынæн.
«Уæрæсе-Гуырдызстоны 2008 азы августы хæстæй 15 азы рацыд. Гарзджын конфликты фæстиуджытæ абоны онг æвзарынц оккупацигонд территоритыл баззайæг æмæ дихгæнæг хаххы цур цæрджытæ. 2008 азы хæстон архйдтыты фæстиуæгæн, 27 582 тыхбын бынативгæ гоймаг у регистрацигонд.
2008 азы Уæрæсе-Гуырдзыстоны августы хæстон архæйдтыты фæстиуæгæн Гуырдзысотны æрдгæй амард хъахъхъæнынады министрады 170 службæгæнæг, 14 пъæлицæйаг, 224 гражданон. Цæфтæ/зиангонд æмбæстагон æмæ æфсæддон уæнгты нымæц 2 232-ы бæрц у.
Оккуапцион режим абоны онг дзуаппмæ нæ ратта Гуырдзыстоны цыппар æмбæстагы , – Давит Башарулийы, Гига Отхозориайы, Арчил Татунашвилийы æмæ Ираклий Кварацхелиайы марындзинады аххосджын уæнгты.
Оккупацион режимы æрдгæй дарддæр кæны а.х. арæнсæттыны тыххæй гоймæгты æнæзакъонон æрцахстыты практикæ. Официалон бæрæггæнæнтæй, 2008 азæй абоны онг оккупацион режим а.х. арæныл æнæзакъононæй ахизыны тыххæй æнæзакъононæй æрцахста 3 439 адæймагы, уыдонæй 1935 – оккупацигонд Абхазы, æрмæст 1504-ы та оккупацигонд Цхинвалыæрдæгй.
Сæрмагонд хъус æрдарын хъæуы, а.х. арæнсæттыны тыххæй фæстаг азты дæргъы фæарæхгонд æнæзакъонон æрцахстытæ. Абоны уавæрæй, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл æнæзакъонон ахсты сты фараст æмбæстаг.
Гуырдзыстоны адæмон барты хъахъхъæнæг Гуырдзыстоны хицауадмæ, алы æхсæнадæмон механизмы фæрцы æмæ æхсæнадæмон æмгарады æмхайадæй, стынг кæна æлхъывд оккупацион режимыл оккупацигонд регионты цæрæг адæймæгты барты бахъахъхъæнынæн. Иурæстæгонæй та тыхархайдыл ма фæцауæрда аразгæйæ хицæнгонд дзыллæты æхсæн диалог ауæрæхдæр æмæ стынгдæр кæнынæн.
Оккупацигонд территоритыл сыххæст адæймаджы барты сæттыны тыххæй бæрн æвæрд цæуы Уæрæсейы Федерацийыл, куыд эффектджын контрол æххæстгæнæг паддзахадыл. Уымæ гæсгæ банысанкæнинаг у адæймаджы барты Европаг Тæрхондоны 2021 азы 21 январы хаст уынаффæ хъуыддагыл, – Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ II, кæцыйæ тæрхондон оккупацигонд Цхинвалы æмæ Абхазы регионты Уæрæсейы æрдгæй дæргъвæтин эффектджын контролы сыххæсты факт сбæрæг кодта. Афтæма 2023 азы 28 апрелы уынаффæ, кæцыйæ Уæрæсейы Федерацийы æрдгæй, рæстаг компенсацийы хуызæй стæрхон ис Гуырдзстонæн суммæ бафидын», – дзырдæуы фидиуæны.