Абон Гуырдзыстон æмбырдгонд фæбыцæу уыдзæн Андорæимæ | Нациты Лигæ
«Нациты Лигæйы» фæндзæм туры фембæлды Гуырдзыстоны æмбырдгонд фæуазæг уыдзæн Андорæмæ. Фембæлд абон Тбилисы рæстæгæй 23:45 минуты райдайдзæн. Матчы комкоммæ репортажы равдисдзæн Фыццаг Къанал.
Æмбырдгæндты фыццаг быцæуæмбæлд 13 октябры Тбилисы сырæзт æмæ уæд Гуырдзыстон рамбылдта хыгъдæй 3:0 (Хъазаишвили – 33, 84; Къанкъава -90+4).
Зæрдылбадаринаг у уый æмæ Гуырдзыстон æмгъуыдагъоммæ бацахста къорды мидæг фыццаг бынат. ÆНæкæсгæ уымæ, Гуырдзыстоны æмбырдгонды сæйраг тренер æмæ хъазджытæ дæр æмхъæлæсонæй хъусын кæнынц, цæмæй баззайгæ матчыты рамбулын æмæ къордæй сæдæпроцентон фæстиуæгæй ахизын хъавынц.
Алцыппæт уый ты нысаниуæгджын у уый тыххæй цæмæй Нациты Лигæйы æрдæгфиналмæ ахизæг цыппар балы, кæрæдзиимæ ахъаздзысты рейтингы æмæ баллтæм гæсгæ. Къордты уæлахизгондтæ кæрæдзимæ афтæ фембæлдзысты – рейтингæй фыццаг фембæлдзæн цыппæрæмимæ, дыккаг та æртыккагимæ. Ацы æрдгæй Гуырдзыстонæн ис баллты хорх фæстауæрц. Гуырдзыстоны æмбырдгонд у иунæг æмбырдгонд, кæцы æмгъуыдагъоммæ райста плейй-офы хъазыны бар æмæ къорды уæлахизгонд у. Финалон фембæлды фысым фæбæрæг уыдзæн халæппæрсты фæстиуæгæн.
Æндæр къордты уавæр æндыгъд у æмæ уæлахизгондтæ фæбæрæг уыдзысты фæстаг туры. Дыккаг къорды 9 баллимæ, лидкеро у Люксембург, æрмæс Белорусмæ та ис 8 баллы. Æртыккаг къорды фыццаг бынатыл ис Къосово (9 Баллы) дыккаг бынатыл 6 баллæй Азербайджан лæууы. Æндыгъд уавæр ис D дивизионы цыппæрæм къорды, цы ран плейоффмæ ахизыны шанс, иурæстæгонæй æртæ балмæ ис – Македони (9), Гибралтар (6) æмæ Сомихыстон (6).
Нациты Лигæйы финалы халæппæрст 2018 азы 3 декабры сырæздзæн.