Абхазийы гарзджын конфликты рæстæджы фæтаруæвæг 22 адæймагы марды, аласдзысты Самебайы кафедралон аргъуанмæ
Тбилисы, Леван Самхараулийы номыл тæрхонон экспертизæйы националон бюройы цур, Абхазийы территорийæ цы æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты æрластой, уыдоны хæстæджытæ æрымбырд сты. Æрымбырдуæвджытæ зонгæ кæнынц экспертизæйы фæстиуджытимæ.
1992-1993 азты Абхазийы гарзджын конфликты рæстæджы фæтаруæвæг ноджы 22 адæймагы мард индентифициргонд æрцыд.
Сæрмагондæй та: Тамаз Харбедиа – министры хæдивæг, Михеил Къокъаиа – Жиули Шартавайы уынаффæгæнæг æфсæддон фарстыты, Зураб Дзамунашвили – хæцæг, Гела Паркосадзе-хæцæг, Гоча Шинджикашвили – хæцæг, Гиорги Арзуманов – хæцæг, Къоба Хечикашвили – хæцæг, Нугзар Придонишвили –хæцæг, Заза Мачъарашвили – хæцæг (Сачхере), Эрмиле Мачъарашвили – хæцæг (Сачхере), Симон Жоржолиани – хæцæг(Цъхъалтубо), Мухран Тутисани – хæцæг(Хони), Давит Гълонти –хæцæг (Ланчхути), Имеда Копалиани –хæцæг, Давит Цъурцъумиа – хæцæг, Шота Джгъамадзе – дохтыр, Нугзар Милорава-хæцæг, Аскъало Манагадзе – сабырадон æмбæстаг (Кутаис), Гела Турманидзе – хæцæг (Сачхере), Александре Заалишвили –хæцæг, Мухран Мачъарашвили – хæцæг (Сачхере), Гиорги Заркуа – сабырадон æмбæстаг (Поти).
Афтæдæр абон 22 марды аласдзысты Самебайы кафедралон аргъуанмæ, цы ран сын ауадздзысты æхсæнадон панихидæ.
Информаци 1992-1993 азты Абхазийы гарзджын конфликты рæстæджы фæтаруæвæг 22 адæймагы мæрдты идентификацийы фæдыл 23 апрелы Сырх Дзуары æхсæнадæмон комитет райхъусын кодта.