Абхазийы гарзджын конфликты рæстæджы фæтаруæвæг 22 адæймагы марды, аласдзысты Самебайы кафедралон аргъуанмæ

16:38, 25.04.2018

Тбилисы, Леван Самхараулийы  номыл   тæрхонон экспертизæйы  националон бюройы цур, Абхазийы территорийæ цы æвæндаг æрбайсæфтуæвджыты æрластой, уыдоны хæстæджытæ  æрымбырд сты. Æрымбырдуæвджытæ  зонгæ  кæнынц  экспертизæйы фæстиуджытимæ.

1992-1993 азты  Абхазийы  гарзджын  конфликты рæстæджы  фæтаруæвæг  ноджы 22 адæймагы  мард индентифициргонд æрцыд.

Сæрмагондæй та: Тамаз  Харбедиа – министры  хæдивæг, Михеил  Къокъаиа –  Жиули Шартавайы  уынаффæгæнæг  æфсæддон  фарстыты, Зураб Дзамунашвили – хæцæг, Гела Паркосадзе-хæцæг, Гоча  Шинджикашвили –  хæцæг,  Гиорги Арзуманов – хæцæг,  Къоба Хечикашвили – хæцæг, Нугзар Придонишвили –хæцæг, Заза Мачъарашвили – хæцæг (Сачхере), Эрмиле Мачъарашвили – хæцæг (Сачхере), Симон Жоржолиани – хæцæг(Цъхъалтубо), Мухран Тутисани – хæцæг(Хони), Давит Гълонти –хæцæг (Ланчхути), Имеда Копалиани –хæцæг, Давит Цъурцъумиа – хæцæг, Шота Джгъамадзе – дохтыр, Нугзар Милорава-хæцæг,  Аскъало Манагадзе – сабырадон  æмбæстаг (Кутаис), Гела Турманидзе –  хæцæг (Сачхере), Александре  Заалишвили –хæцæг, Мухран Мачъарашвили – хæцæг (Сачхере), Гиорги Заркуа – сабырадон  æмбæстаг (Поти).

Афтæдæр абон 22  марды   аласдзысты Самебайы кафедралон аргъуанмæ, цы ран  сын ауадздзысты æхсæнадон панихидæ.

Информаци  1992-1993  азты   Абхазийы  гарзджын конфликты рæстæджы фæтаруæвæг  22 адæймагы мæрдты  идентификацийы фæдыл  23  апрелы  Сырх Дзуары  æхсæнадæмон комитет  райхъусын кодта.

Хуыздæр