Абхазаг медийы информацимæ гæсгæйæ, Аслан Бжаниа æмæ Рауль Хаджимбайы æхсæн бадзырдтæ цæуынц
Оккупацигонд Сухумы оппозиционер Аслан Бжаниайы æмæ Рауль Хаджимбайы æхсæн бадзырдтæ цæуынц. Уый фæдыл информаци хъусын кæны абхазаг рауагъдад «Абсадгил инфо».
Ацы хъусинагмæ гæсгæйæ, фембæлд «Хицауадон дачæйы» территорийыл Уæрæсейы æдасдзинады куысты хистæры хæдивæгы, Рашид Нургалиевы æхсæны бацыдæй цæуы.
Ацы фембæлды онг та, абхазаг рауагъдад куыд фыссы уымæ гæсгæйæ, «оппозицион» лидер, Аслан Бжаниа зæгъгæ райхъусын кодта, цæмæй Хаджимбаимæ фембæлд, гæнæн ис абон сырæзтаит. Бжаниайы информацийæ, фембæлды цауы, æркастаиккой тæрхондоны уынаффæ æвзæрстыты фæстиуджытæ аивыныл, æмæ а.х ЦÆК-ы уынаффæ, ног а.х. æвзæрстытæ снысан кæныны тыххæй.
Афтæма, абон бæрæг ссис цæмæй оккупацигонд Абхазы фæлхатгæ а.х. президентон æвзæрстытæ 22 марты ацæудзысты.