Абитуриенттæ, кæцытæ а.х. арæйнон ауадзæн пунктыты æрыхгæды тыххæй зиан баййæфтой, ахуыргæнæндæттæм æнæфæлварæнæй æрцæудзысты ист
Ахуырады, зонæдты, культурæ æмæ спорты министры, Михеил Батъиашвилийы уынаффæйæ, а.х. арæйнон ауадзæн пунктыты æрыхгæды тыххæй зианбавзарæг абитуриенттæ, ахуыргæнæндæттæм æнæфæлварæнæй æрцæудзысты ист.
Министры уынаффæйæ, фæнысангонд студенттæ фæндон бакалавр0магистрон программæтæм, æнæэкзаменæй æрцæудзысты ист. Уымæй уæлдай ма, паддзахад сын ахуыр сфинанс кæндзæн.
Михеил Батъиашвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, ахæм, æдæппæт сты 170-ы онг абитуриент.
«Уый баххæсдзæн алы абитуриентмæ, чидæриддæр фæлварæнмæ регистраци ацыд æмæ æххæстæй кæнæ йын хайагай арæнæвæрд æрцыд ацы бар, æнæкæсгæ ацы кæнæ æндæр фæлварæныл цы фæстиуæг райстой уымæ. Æнæмæнгхъæугæ у, уæмæй ахæм æгъдауæй ист студенттæ 2019-2020 азты æмбырд кæной 240 ахуырадон кредитæй, иууыл цъус 60 кредиты, æндæр цауы, студенты райсты тыххæй уынаффæ фæмæнг уыдзæн», – хъусын кæны Михеил Батъиашвили.
Министры æмбарынгæнæнæй, 2020-2021 азмæ паддзахад, бæрзонддæр ахуыргæнæндонмæ оккупацигонд территоритыл легитимонæй цæрæг уæнгтæн ахуырмæ райсты æмæ финансдзинады хъауджыдæргонд механизмтæ бакусдзæн.
Министры ныхæстæм гæсгæ, ацы нысанæй, «Уæллаг ахуыры фæдыл» Гуырдзыстоны закъонмæ ивдтытæ бацæудзæн.
Националон фæлварæнты размæ, Сухумы де-факто хицауады уынаффæйæ, Ингуры хид æхгæд æрцыд, цæй тыххæй дæр оккупацигонд территорийыл цæрæг абитуриентты хайæн, иууон националон фæлварæнты хайад райсын нал бантыст.