Лигъдæтты, экомигрантты æмæ цæрынæн хъæугæ æфтиагæй ифтонгады агентады уæвæг законмæ гæсгæ бæлвырдгæнæг комиссийы уынаффæйæ, цæрæн фæзуаттæ сармæгонд исадмæ адæтдзысты тыхбынбынативгæ 944 бинонтæн. Информаци уый фæдыл оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министрад хъусын кæны.
Уагдоны хъусинагæй, 850 бинонтæн, закъонмæ гæсгæ сбæлвырд кæндзысты ноглæвæрд фатертæ, 94 бинонтæ та паддзахады исады уæвæг бæстыхæйтты азты дæргъы чи цардис, ахæмтæ сты.
Оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритæй лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министры хæдивæг, Илиа Гъудушаурийы фидиуæнæй, зæгъгæ тыхбын бынативгæ бинонтæн цæрæн фæзуаттæ, æнæхъæн бæстæйы масштабæй сбæлвырд кæндзысты закъонмæ гæсгæ, æмæ ацы процесс фидæны дæр активонæй адарддæр уыдзæн. Комиссийы уынаффæ, æрвыст æрцыд экономикæ æмæ æнæфæцудгæ райрæзты министрадмæ, цæй фæстæ дæр æй сфидар кæндзæн Гуырдзыстоны хицауад.