300 азы   дæргъы  фыццаг хатт   Киев-Печеры   Лаврæйы   Мад Майрæмы  номыл аргъуаны  Куадзæнон   литурги  украинаг æвзагыл ацыд
300 азы дæргъы фыццаг хатт Киев-Печеры Лаврæйы Мад Майрæмы номыл аргъуаны Куадзæнон литурги украинаг æвзагыл ацыд

300  азы  дæргъы   Киев-Печеры  Лаврæйы  Мад Майрæмы   номыл аргъуаны   Куадзæнон  литурги   украинаг  æвзагыл   ацыд.

Медиа куыд  фыссы  афтæмæй,  литурги  Лаврæйы   разамонæгы хæстæ æххæстгæнæг, архимандрит  Абраам   сыххæст кодта.   Аргъуаны фæкарз кодтой   æдасдзинады  мадзæлттæ, пъæлицæй  бацæуæны  æмбæстæгтæн   документтæ æмæ куадзæнон    къалатитæ   сгæрста.

Киев-Печеры Лаврæйы Куадзæнон   литурги  Мæскуыйы  патриархаты  Украинайы    рæстдинон   аргъуаны   минæвæрттæ  дæр сыххæст кодтой.  Уыдон   Агапий  Печерскийы  номыл   аргъуаны  сыххæст кодтой  скуывд.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  Украинайы   культурæйы министрад  Мæскуыйы  патриархаты  Украинæйы рæстдинон  аргъуаны минæвæрттæй  Лаврæйы  комплекс сæвдæлон кæнын æрдомтта. Куадзæны  бон  Украинайы  цæрджытæн  бæрæгбон  Украинайы  преиздент   Киев-Печеры  Лаврæйы  территорийæн   раарфæ кодта.

«Куадзны  сæйраг   символ  хæрзиуæгы, рæстдзинады, царды  уæлахиздзинад у, абон  бæрæгбон кæнæм Куадзæн ацы   уæлахиздзинады   æнæфæзилгæдзинады  хъæддых ныфсæй» – райхъусын кодта  Зеленски.