30 сентябрæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  сæ бон уыдзæн Гонг-Конгмæ æнæвизæйæ балц кæнын
30 сентябрæй Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн Гонг-Конгмæ æнæвизæйæ балц кæнын

2024 азы 30 сентябрæй, Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ  Китайы Гонг-КОнгы  специалон   администрацион   регионмæ  æнæвизæйæ  балц кæндзысты.  Информаци уый фæдыл Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министрад хъусын кæны.

Уагдоны хъусинагæй, Гонг-Конгы специалон администрацион регионы  уынаффæйæ, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн  уыдзæн  фадат   æнæвизæйæ   балц кæнын Гонг-КОнгмæ æмæ бæстæйы баззайын фæдфæдыл 30  боны  дæргъы.

«Æнæнвизæ дыууæрдæм змæлды фæдыл   бадзырд бантыстис Гуырдзыстоны æмæ Гонг-Конгы фарсыты æхсæн активон куысты фæстиуæгæн.  Бæрæгдзырдæн, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн 2024 азы 28 майæ   архайы æнæвизæ  режим  Китайы Адæмон Республикæмæ.

Банысанкæнинаг у, цæмæй  специалон  администрацион регшионы  статусы тыххæй, Гонг-Конгæн  хæдбар миграцион æмæ визон  политикæ ис» – дзырдæуы  уагдоны  информацийы.