Гонг-Конгы  пъæлицæйы æмæ  демонстрантты æхсæн быцæудзинады фæстиуæгæн иууыл цъус 31 адæймаг  фæцæф ис
Гонг-Конгы пъæлицæйы æмæ демонстрантты æхсæн быцæудзинады фæстиуæгæн иууыл цъус 31 адæймаг фæцæф ис

Гонг-Конгы  пъæлицæйы æмæ  демонстрантты æхсæн быцæудзинады  фæстиуæгæн   иууыл цъус 31 адæймаг  фæцæф ис.  Фондз  митинггæнæджы уавæры, дохтыртæ  схуыдтой  фæдисонæй.

Бакой уын кæндзыстæм  31  августы  Гонг-КОнгы цалдæр   æнæсанкциргонд митинг ацыд.  Пъæлицæй  активистты ныхмæ цæссыгуадзæн газæй  æмæ  доны сыгæй  спайда кодта.

Æхсæвы дæргъы  барадхъахъхъæнджытæ 40  демонстранты  æрцахстой, кæцытæ  пъæлицæй  бæлвырдæй,   метростанцæты  вандализмы  сты  зылынджын.

Фыццаг сентябрыГонг-КОнгы  иууыл цъус æртæ метростанцæ  нæ кусдзæн. Оператор компанийы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,   фæнысангонд мадзæлттæ уыдон райстой æдадзинад бахъахъхъæды  тыххæй. Бæрæг куыд у афтæмæй,   антихицауадон акциты  организатортæ  абон Гонг-КОнгы  аэропорты æрдæм метро станцæты æрыхгæнын хъавынц.

Протестон акцитæ  Гонг-КОнгы  9  июнæй  не нцайынц.