29 мартæй 2 апрелы онг Гуырдзыстоны территорийыл æнхъæлмæкæсинаг у боныгъæды уавæрты æваст фæфыддæр
Æрдзы националон агентады информацийæ, 29 мартæй 2 апрелы онг Гуырдзыстоны территорийыл æнхъæлмæкæсинаг у боныгъæды виппайды фæфыддæр.
Синоптикты прогнозæй 29 марты æхсæвæй Сау Денджызы донбылыл æмæ Гуриа-Самегрелойы территорийы хицæн районты, æрмæст 29 марты боны дыккаг æрдæгæй бæстæйы территорийы ылдæр рæтты ныгуылæны æрдæм дымдзæн , денджызыл æнехъæлмкæсинаг у 4-5 баллы йас шторм, æрмæст уæлхох регионты та тымыгъ.
30 матæй 2 апрелмæ нысаниуæгджынæй фæуазал уыдзæн. 31 марты æмæ фыццаг апрелы æхсæвы сахатты тæрфы æмæ кæмтты гæнæн ис æппæррцаг температурæ сбæрæг уа. 30 мартæй фыццаг апрелы онг уыдзæн дæлдзырæттæ, ранæй-рæтты фидар, уæлхох рæтты миты хуызæй, хицæн регионты гæнæн ис аврнæрд æмæ ихуард.
«Æнхъæлмæкæсинаг дæлдзырæттæ гæнæн ис Гуырдзыстоны цæугæдæтты донивылдтытæ райдайа, бæстæйы хохджын зонæты та миты зæйтæ æмæ сыджытлæсæнт процессты сæвзæрд-активаци.
Æнхъæлмæкæсинаг фидар уад гæнæн ис бæстыхæйтты уæлхæдзæрттæ, электроадæттæн хаххыты, бæлæсты æмæ æндæр инфраструктурон объектты базиан кæна. Уæлдæфы æппæрццаг температурæ æмæ фидар уад негативонæй фæзындзæнис дидинæг æфтауыны периоды уæвæг диргъхæссæг бæлæстыл», – хъусын кæнынц æрдзы националон агентады.