26-æм майы мадзалмæ гæсгæ, Тбилисы хицæн рæтты фæндаггон змæлд уыдзæн арæнæвæрд
Гуырдзыстоны хæдбардзинады боны фæдыл мадзалмæ гæсгæ, президенты галуаны цур Атонелийы уынгыл 20-æм майы 08:00 сахатæй 28-æм майы боны фæуды онг змæлд уыдзæн тобæгонд.
Уый фæдыл информаци Тбилисы мэри парахат кæны.
«Уымæй уæлдай ма, 24-æм майы 08:00 сахатæй 28-æм майы онг, хус хиды алфæмблайы, Италийы æмæ Атонелийы уынгтыл змæлд уыдзæн тобæгонд.
Хæдбардзинады бонмæ плангонд мадзалмæ гæсгæ, Сæрибары фæзыл æмæ йæ алфæмблайы змæлд дæр уыдзæн арæнæвæрд. Сæрмагондæй, 20-æм майы 20:00 сахатæй 21-æм майы 01:00 сахатмæ, афтæ дæр 21-22 майы 10:00 сахатæй 14:00 сахатмæ, Коте Абхаз æмæ Шалва Дадианийы уынгтæй Сæрибары фæзы æрдæм хæдтулгæтæн змæлд нæ уыдзæн.
Шота Руставелийы проспектæй змæлд уыдзæн гæнæн Сæрибары фæзы æрдæм базарадон центр «Галерия»-мæ æмæ уый фæстæ та ныхмæвæрд æрдæм, Мткъварийы дыууæ былгæронæй цæуæг хæдтулгæтæ та æрмæст Бараташвилийы хиды пандусмæ (Бараташвили æмæ Пушкинийы уынгтæ) тигъыл ацæудзысты.
Уымæй уæлдай ма, 24-æм майы 00:00 сахатæй 27-æм майы 08:00 сахатмæ, Руставелийы проспектыл, Сæрибары фæзуаты æрдæм, Зураб Чъичъинадзейы уынджы алвæды размæ фæндагон хайы, змæлд уыдзæн арæнæвæрд» – ис фыст Тбилисы мэрийы информацийы.