Дарахвелидзе Александр - Сидæм фæндаггон змæлды баст адæймæгтæм, закъонæй снысангонд домæнтæ æххæст кæной æмæ фæндагон змæлды уагæвæрдтæ ма халой
Гуырдзыстоны мидхъуыдтæгты министры хæслæвæрдмæ гæсгæ, фæндагон змæлды æдасдзинады фæтыхджындæр кæныны нысанæй, автотранспортон фæрæзты шофырты æрдыгæй фæндагон змæлды уагæвæрды хæлдтытæм ахаст фæкарздæр ис, – уый фæдыл министрады брифингыл мидхъуыдтæгты министры хæдивæг Александр Дарахвелидзе расидтис.
Дарахвелидзейы расидæнмæ гæсгæ, мидхъуыдтæгты министрад фæндагон змæлдимæ баст адæймæгтæм сиды, закъонæй снысангонд домæнтæ æххæст кæной æмæ фæндагон змæлды уагæвæрдтæ ма халой.
«Фæстаг цалдæр боны мидæг бæстæйы масштабæй рабæрæг ис фæндаггон змæлды 104 484 фæткхалды, уыдон нымæцы: хæдтулгæты рудзгуытæ тонировкæ кæныны фæтк 682 хæлд, автобусы фæндаджы 4830 хæлд, нозтджын уæвгæйæ хæдтулгæ скъæрыны 683 хæлд, аст хæдтулгæйы сæрмагонд рухсытæй æнæзакъонæй пайда кæнын.
Алы закъонхалæджы ныхмæ дæр арæзт æрцыдысты, закъонмæ гæсгæ цы мадзæлттæ нысангонд цæуынц, уыдон. Пъæлицæйæгтæ дарддæр дæр активонæй реагир кæндзысты закъонмæ гæсгæ алы хæлдæн дæр. Сидæм æппæт фæндаггон змæлды архайæг адæймæгтæм, цæмæй æххæст кæной закъонæй ныффидаргонд домæнтæ æмæ ма халой фæндаггон уагæвæрдтæ. Фæнды нæ ноджы иу хатт зæрдыл æрлæууын кæнæм æхсæнадæн, цæмæй полици адаргъ кæндзæн фыдракæндты ныхмæ тох 24 сахаты мидæг æмæ алы æмбæлон барадон мадзæлттæ райсдзæн фæткхалджыты ныхмæ», – расидтис Дарахвелидзе.