2022 азы январæй, 70 аздзыды онг кары уæнгты пенситæ 260 ларийы бæрц уыдзысты, 70 аздзыдæй хистæрдæр уæнгты пенси та 300 лари уыдзæн, ветеренатæн æххуыс фæуæлдай уыдзæн 100 лариæй онг, – уый тыххæй, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили хицауады абоны рабадтыл райхъусын кодта.
«Фидæн азы пенситы бæрц фылдæр кæндзæн. 2022 азы январæй, 90 аздзыд кары онг уæнгты пенситæ уыдзæн 260 ларийы бæрц, 70 аздзыдæй хистæрдæр уæнгты пенси та 300 лари уыдзæн, ветерантæн æххуыс фæуæлдай уыдзæн 100 лариæй онг.
Бæрзондхохджын цæрæн рæтты 70 аздзыд кары онг уæнгтæн пенситæ уыдзæн 312 ларийы бæрц, 70 аздзыд æмæ уымæй хистæрдæр уæнгтæн та – 360 лари. Хæсты хайадисæг ветеранты æрвылмæййон 22 ларийы бæрц æмæ 44 ларийы бæрц æххуыс та фылдæр кæны 100 ларийы онг», – райхъусын кодта Ираклий Гъарибашвили.