2011 азы онг лæвæрд ламиниргонд гоймагы æвдисæндæрттæ ног электронон æвдисæндæрттæй æнæфидгæйæ уыдзысты ивд
Юстицийы министртæм кандидат Рати Брегадзе Гырдзыстоны парламенты, хицауаæн æууæнк расидыны фарста кæсыны рæстæджы, фæныхас кодта министрады плантыл 2024 азмæ.
Рати Брегадзе ламиниргонд гоймагы æвдисæндæртты ID картæтæй æнæфидгæйæ фæивыны акцийы тыххæй рагафон райхъусын кодта.
«2011 азмæ лæвæрд ламиниргонд гоймагы æвдисæндæттæ æнæфидгæйæ уыдзысты ивд ног электронон æвисæндæрттыл, кæцыйы фæстиуæгæн æмбæстæгтæ цырдæй æмæ æнæкуылымпыйæ пайда кæндзысты паддзахадон сервистæй», – райхуъсын кодта Рати Брегадзе.