Паддзахады æмæ «Либерти Банкы» æхсæн бадзырдмæ гæсгæйæ, 150 000 пенсионерæн сæ кредиты процент абонæй фæкъаддæр уыдзæн.
«Либерти Банкы» хъусын кæнынц, цæмæй 15 мартæй сног уыдзысты домæнтæ уыцы фæлхасгæнджытæм, кæцытæ пайда кæнынц 2023 азы фыццаг январы онг лæвæрд пенсийæ ифтонггонд кредитæй.
Сæрмагондæй та «Либерти Банкы» уынаффæйæ, пенсийæ ифтонггонд кредиттыл процетон хай фæныллæг уыдзæн алы уыцы гоймагæн, чидæриддæр не спайда кодта 2023 азы нысангонд ранæуæггонд домæнтæй. Уымæ æмбæлгæйæ, ивддзинад баххæсдзæн 2023 азы фыццан январы онг лæвæрд пенсион кредиттæм æмæ овердрафттæм.
«Ацы ивддзинады фæстиуæгæн 150 000-ы онг пенси исæг уæнгæн автоматонæй бараст уыдзæн кредиты цæугæ уавæртæ æмæ процентон хай сæмбæр уыдзæн ранæуæггонд домæнтæй лæвæрд кредитты процент» – банысангонд у банкы публикацигонд информацийы.
Бакой уын кæндзыстæм 2023 азæй пенсион кредитты фæлхасгæнджытæн ног уавæртæ сбæрæг сты æмæ паддзахад æмæ «Либерти Банкы» æхсæн бафыст бадзырдæй сфидар ис специалон формулæ кæцыйыл æнцойæ кредиты проценты хъуамæ бахыгъд кæной афтæ – æхсæзмæййон TIBR-ы индексмæ + 15%. TIBR-ы индекс у Тбилисы бакнты æхсæн хайы индекс, кæцы иу Националон Банкы рефинансиркæныны хайы æмиас у. Уымæ æмбæлгæйæ дæр, уæвæг уавæрæй, пенсион кредитты хай 23-24 проценты фæлгæтты хъуамæ уа.
Ивд æххæссы æрмæст уыцы уæнгтæм, чидæриддæр пенсион кредиты бадзырд 2023 азы онг бафыста. Процентон хайы ивд æрцæудзæн 15 мартæй.