11 майæ  байгом уыдзæн  алы хуызы  сæргай  æмæ ставд базаргæнæг  дуканитæ,  кæцытæн бацæуæн ис уынгы æрдгæй æмæ нæ  базар кæнынц дарæсæй æмæ къахы дарæсæй
11 майæ байгом уыдзæн алы хуызы сæргай æмæ ставд базаргæнæг дуканитæ, кæцытæн бацæуæн ис уынгы æрдгæй æмæ нæ базар кæнынц дарæсæй æмæ къахы дарæсæй

Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Гахариайы  фидиуæнæй,  11  майæ,  байгом уыдзæн  алыхуызы кондадтæ.

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,   байгом  уыдзæн, сæргай  æмæ  ставд  базаргæнæг  дуканитæ, кæцытæн  ис бацæуæн  уырнгы æрдгæй æмæ кæцытæ нæ базар кæнынц  дарæсæй æмæ  къахыдарæсæй.

«Зондзыстут 6  этапæй  пълан, кæцы  нын  уыд   экономикæ байгом  кæнынм  гæсгæ,  йеуæд  загътам,  цæмæй   эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ   уыдаит  гæнæн куыд ацы  пълан   батагъддæр кæнын, афтæ  йæ  иу  хайы  æмгъуыд ахæцын.  Абоны  уавæрæй  нæ бон  зæгъын у,   цæмæй  амондæн,  не  мбæстæгты  æмæ  дохтырты  æрвылбойнон  бæрнон архайдты æмæ   куысты  фæстиуæг у уый æмæ нæ  бон у  бæрæг  секторты байгом  батагъддæр кæнæм,  арæзтады  секторы байгом  æмæ  уыйимæ баст алы  кондадты  иу къуырийæ  раздæр  куыд  батагъддæр кодтам афтæ. Уый нын дæтты фадат  цæмæй абон райхъусын кæнæм,  11 майæ,  къуырисæрæй  байгом кæнджзыстæм  алыхуызы   кондадтæ. Кæд ныры онг  ныхас  ццыдис  æрмæстдæр арæзтадон секторы  кондадтыл,   ныр  дзурæм  алы хуызы  кондадты  фæдыл.  Уымæй  уæлдай ма   байгом кæндзыстæм   сæргай æмæ ставд базаргæнæг    дуканитæ,  кæцытæ  бацæуæн ис  уынгы æрдгæй.  Ацы  рынмадмæ нæ хауынц  дарæсæй æмæ къахыдарæсæй  базаргæнæг  дуканитæ.   Алы  æндæр базайрагæй  архайæг   дуканитæн сæ бон уыдзæн   къуырисæрæй  куыстмæ рацæуын» –  банысан кодта Гахариа.