Тинатин Бердзенишвили - фæнды нæ, националон æмæ религион къаддæрдæрты минæвæрттимæ къухбафыст меморандум, архайадон планы сæххæстмæ айрæза, кæцимæ æмбæлон у мах ног веб-фарс дæр
Мах нæ хъæуы цæмй Фыццаг Каналы æмæ националон æмæ религион къаддæрдæрты минæвæртты æхсæн сырæзт æмкуысткæнынады абон меморандум фæстæмæ фикцийæ баззайа. Фæнды нæ цæмæй ацы документ архайадон планы сæххæстмæ айрæза, кæцымæ æмбæлон у мах ног веб-фарсдæр, кæцы авд æвзагыл цæуы тæлмац – уый фæдыл Фыццаг Каналы медийы æмæ коммуникацийы блокъы директор Тинатин Бердзенишвили загъта, Фыццаг Каналы алæвæрд «Актуалон Темæ Мака Цинцадзеимæ иумæ»-ы.
«Æхсæнадон Телеуынынад ахызтис фазæмæ, куы ахицæн кодтам, цæмæй хицæнæй фылдæртæн æмæ хицæнæй та къаддæрдæртæн исты аразын нæ уыдзæн раст æмæ эффективон. Ахаст, цæвиттон цæй ма сымах ацы алæвæрдмæ кæсут уымæн æмæ уый этникон къаддæрдæртæн цæуы арызт, æмæ æндрмæ та ма кæсут уымæн æмæ уый та фылдæрты тыххæй аразæм – нæ хъуыдымæ гсгæ дискриминацион дæр у. Ма хъуыды кæнæм , цæмæй ацы стратегий радикалонæй хъуамæ раивæм» – расидтис Тинатин Бердзенишвили.
Уый ма афтæдæр банысан кодта, цæмæй иууыл тагъд Æхсæнадон Телеуынынады эфиры разындзысты ног акæнджытæ æмæ афтæдæр сырæздзæн интернет радио портал, кæцы эфирмæ лæвæрд цæудзæн эксперименталон хуызæй.
Бакой уын кæндзыстæм, 16 нобры Гуырдзыстоны Æхсæнадон Теклеуынынады æмæ Гуырдзыстоны националон æмæ религион къаддæрдæрты минæвæртты æхсæн къухбафыст æрцыд æмкуысткæнынады меморандум.
Меморандуммæ гæсгæйæ, фæрстæ разы кæнынц, бирæмгъуыдон æмгуыстадыл æмæ нысанæй æвæрынц сæрибар, демокративон, æмбарджын, барадон паддзахады æмæ дзыллæйы арæзтады хъуыддаджы Гуырдзыстоны националон æмæ религион къаддæрты активон хайад райсын.