Структурон ивдтыты фæдыл закъондæттæн пакеты хицауад парламентмæ абон бавдисдзæн
Структурон ивдтыты фæдыл закъондæттæн  пакеты хицауад парламентмæ абон бавдисдзæн

Æххæстгæнæг хицауады  плангонд   структурон  реорганизацимæ гæсгæ, хицауад   закондæттæн пакеты   парламентæн    абон бавдисдзæн. Закъондæттæн пакет рахæсдзысты бюройы рабадтмæ, кæцы рæстæджы райдайдзысты ивындзæнты æркаст. Парламентон комитеттæ ивындзинæдтыл уынаффæ кæнын  гæнæн ис  батагъдгонд уагæй  цæугæ  къуырийы райдайдзысты цæй фæстæ дæр фарсты фидæн сессион къуырийы  æркæсдзысты.

Уый фæстæ  парламент  закъондæттæн ивындзинæдты   æртыккаг кастæй  куы сбæлвырд кæндзæн  æмæ  хицауады   сæххæст  реорганизаци æвдыст æрцæудзæн закъонты мидæг, закъондæттæг органы рдгæй  хицауадæн æууæнк  расидыны процедурæ  райдайдзæн.

Парламенты сæрдар Ираклий Кобахидзе  хъуыды кæны, цæмæй  хицауадæн æууæнк  расидын, райдайдзæн декабры  дыккаг æрдæгæй æмæ  гæнæн ис январы райдианы онг аххæсса.

Хицауады  структурон æмæ  кадрон  ивдтыты  фæдыл Гуырдзыстоны премьер министр райхъусын кодта 13  ноябры. 15-æмы та   «Гуырдзыстоны хицауады структурæйы, æххæстбарты  æмæ   куысты  фæткъы фæдыл» закъонмæ бахæссинаг   ивдтытæ æмæ   уырдгæй   рацæуæг  законопроектытæ хицауады   рабаддтыл   сбæлвырд сты æмæ  æркæсынмæ  æрфыст æрцыдысты паарламентмæ.

Ивындзинæдтæм гæсгæ 18 министрад  фæкаддæр уыдзысты  14-ы онг.