Структурон ивдтыты фæдыл закъондæттæн пакеты хицауад парламентмæ абон бавдисдзæн
Æххæстгæнæг хицауады плангонд структурон реорганизацимæ гæсгæ, хицауад закондæттæн пакеты парламентæн абон бавдисдзæн. Закъондæттæн пакет рахæсдзысты бюройы рабадтмæ, кæцы рæстæджы райдайдзысты ивындзæнты æркаст. Парламентон комитеттæ ивындзинæдтыл уынаффæ кæнын гæнæн ис батагъдгонд уагæй цæугæ къуырийы райдайдзысты цæй фæстæ дæр фарсты фидæн сессион къуырийы æркæсдзысты.
Уый фæстæ парламент закъондæттæн ивындзинæдты æртыккаг кастæй куы сбæлвырд кæндзæн æмæ хицауады сæххæст реорганизаци æвдыст æрцæудзæн закъонты мидæг, закъондæттæг органы рдгæй хицауадæн æууæнк расидыны процедурæ райдайдзæн.
Парламенты сæрдар Ираклий Кобахидзе хъуыды кæны, цæмæй хицауадæн æууæнк расидын, райдайдзæн декабры дыккаг æрдæгæй æмæ гæнæн ис январы райдианы онг аххæсса.
Хицауады структурон æмæ кадрон ивдтыты фæдыл Гуырдзыстоны премьер министр райхъусын кодта 13 ноябры. 15-æмы та «Гуырдзыстоны хицауады структурæйы, æххæстбарты æмæ куысты фæткъы фæдыл» закъонмæ бахæссинаг ивдтытæ æмæ уырдгæй рацæуæг законопроектытæ хицауады рабаддтыл сбæлвырд сты æмæ æркæсынмæ æрфыст æрцыдысты паарламентмæ.
Ивындзинæдтæм гæсгæ 18 министрад фæкаддæр уыдзысты 14-ы онг.