Сирийы теракты амæттаг фесты лигъдæттæ. Фæмард иууылцъус 10 адæймаг. «Ранс Прес» куыд хъсын кæны афтæмæй, провинци Дейр-Эл-Зоры бырст «Исламон Паддзахады» химарæг хæцæг сæххæст кодта. Инцидент уæд æрцыд, Сирийы æфсад террористты кантролгонд территориты æрыздахынæн бырсæнцыд куы дарддæр кодта уæд. Сирийы хицауад фæмадуæвджыты бæлвырд нымæцы фæдыл нырма нæ дзуры.
Дейр-Эл-Зоры провинцийы контрол кæны Сирийы æфсад, фæлæ регионы 37 процент, нырма дæр террористты къухты ис.