Сабион евроуынынадмæ цæттæкæнынад кæронмæ фæхæццæ кæны. Ацы этапыл нырид райдыдта сæйраг сценæйы монтаж, кæцыйы фæстæ дæр æрмæст ма декорациты сæвæрын бахъæудзæн.
Абон райдыдта генералон репетици-концертмæ билетты уæй, кæцы 25-æм ноябры, 19:00 сахатыл райдайдзæн Тбилисы олимпион галуаны.
Кæй фæнды уыдонæн билетты балхæнын, 3, 5 æмæ 10 ларийæ, электрононæй сæ бон уыдзæн «tkt.ge»-ыл æмæ Тбилисы концертон залы кассæты.
Генералон репетици лайв режимы цæуы æмæ сæйраг шоуйы аналогион у, кæцы 26 ноябры сырæздзæн.
Репетици-концертыл кæсджытæм уыдзæн фадат фыццæгтæ аргъ скæной 16 бæстæйы конкурсантæн. Растдæр ацы генералон репетицимæ гæсгæ, алы хайадисæг бæстæйы жюри аргъ скæны конкурсанттæн, кæцыйы фæстиуджыты, кæсджытæ 26 ноябры, комкоммæ эфиры базондзысты.