Радка Бетчева- Æхсæнадон медийы финансдзинад хъуамæ уа стабилон æмæ адекватон, политикъон хи тъыссынæй уæгъдибар
Æхсæнадон Телеуынынады финансдзинад хъуамæ уа стабилон æмæ адекватон, хæдбар – уый фæдыл Европæйы Телеуынынадты Цæдисы скæсæн Европæйы бæстæтимæ ахастыты къухдариуæггæнæг Радка Бетчева Æхсæнадон Телеуынынады финансдзинады æгъдауы ивды фæдыл «Националон Змæлды» инициативæйыл комментары рæстæджы расидтис.
Бетчева куыд дзуры афтæмæй, ис Æхсæнадон медийы финансдзинады дырыс стандарттæ, кæцытæ бæрæг сты Европæйы Советы æмæ европæйы телеуынынадты цæдисы финансдзинады принциптæй.
«Æхсæнадон медиа хъуамæ уа хæдбар. Хæдбардзинад иуæй-иу у уыцы сæйраг аргъдзинæдты æхсæн, кæцытæ Европæйы уацхæссджыты цæдисы алы уæнг сбæлвырд кодтой 2012 азы Страсбургы, генералон ассамблейыл.
Уый нæ нысан кæны æрмæст институцион æмæ редакцион хæдбардзинад, фæлæ ма финансонхæдбардзинад дæр дары йæ хъуыдыйы.
Ис æхсæнадон медийы финансдзинады бæлвырд стандарттæ, кæцытæ бæрæг сты Европæйы Советы æмæ Европæйы Телеуынынадты Цæдисы финансдзинады принциптæй.
Æхсæнадон медийы финансдзинад хъуамæ уа стабилон æмæ адекватон, политикъон хи тъыссынæй уæгъдибар, рæстаг æмæ рухсдзыд.
Æхсæнадон медийы финансдзинад кæд баст уыдзæн хицауады кæнæ парламенты скуыдыдзагыл, уæд æнцонæй суыдзæн политикон хъомыс дарыны объектæй» – загъта Радка Бетчева.
Парламенты бюройы абоны рабадтыл, «Уацхæссынады фæдыл» законопроекты иницирдзинад сырæзт. Кæцыйы автор у «Националон Змæлды» уæнг Роман Гоциридзе.
Инициативæмæ гæсгæ, Æхсæнадон Телеуынынадæн бюджетæй рауæлдайгонд суммæйы бæрц,бæрæг цæуы хардзгæнæг уагдоны бавдыст проекты бындурыл. Ивд цæуы Телеуынынадæн финансдзинады бæрцы минималон процентон арæн.