Михеил Джанелидзе Туркменийы хайад райсдзæн Афгъанистанмæ гæсгæ 7-æм регоналон экономикон конференцийы
Гуырдзыстоны вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Туркменийы Республикæйы уæвы официалон визитæй, кæцыйы фæлгæтты райсдзæн хайад Афгъанистанмæ гæсгæ 7-æм регоналон экономикон конференцийы æмæ кæцыйы хайад афтæдæр исынц дунейы 60-йæ фылдæр бæстæйы бæрзонд рангы уазджытæ. Визиты фæлгæтты афтæдæр плангонд у Афгънистаны, Туркменийы, Азербайджаны, Гуырдзыстон æмæ Турчы æхсæн транзитон-транспортон бадзырдыл къух бафыссын, кæйы бæрæг у «Ляпис Лазурь»-ы номæй.
«Ляпис Лазурь»-ы маршруты проект йæ хъуыдыйы дары ъкхубафыссæг бæстæты æхсæн базарадон æмæ транспортон ахастыты баахъаз кæнын, кæцы æххæсы хайадисæг бæстæты уаргъты æмæ бæлцæтты æнæкъуылымпы змæлдмæ, транзитон змæлдимæ баст æнæмæнгхъæугæ администрацион фарстыты æмæ процедурæты модернизацимæ æмæ фенцондæр кæнынмæ.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады хъусинагæй, «Ляпис Лазурь»-ы бадзырдæй Гуырдзыстон, Еропæ-Азийы иугæнæг ноджы иу нысаниуæгджын транзитон кæлидоры хайадисæг суыдзæн.