Коберидзе Æхсæнадон Телеуынынады минæварæн – Мæнæн ме нъкарæн сгарыны бæсты фæлтау æмбарынгæнæн саразут
Фылдæрты уæнг Леван Коберидзе, Æхсæнадон Телеуынынады ног æмæ цæугæ хабæртты блокъы директор Гиорги Гвимрадзейы уыцы фидиуæнæн ратта дзуапп, кæцымæ гæсгæ дæр, кæд æмæ парламентон фылдæртæн сæ зæрдæмæ нæ цæуы уый цæмæй куыд рухс кæны ног хабæрттæ Æхсæнадон Телеуынынад, уый у бæстæы æнтыст зæгъгæ.
Леван Коберидзейы ныхæстæм гæсгæ, ай у тынг ахсджиаг фидиуæн Гиорги Гвимрадзейы рыдгæй æмæ æнæмæнгхъæугæ у æмбарынгæнæн саразын.
«Тынг цымидис кæнын кæцæй сæвзæрдис ацы фразæ. Уый фæдыл саразут комментарий. Уый у тынг нысаниуæгджын фидиуæн, цæвитон ам фылдæртæн цыдæр сæ зæрдæмæ нæ цæуы информацион алæвæрдты. Æппынæдзух ничи ской кодта ахæм исты æмæ сымах та йæ кæцæй æрхастат? Куырæг уæ дæн уый фæдыл æмбарынгæнæн саразат. Райхалут уæ хъуыды» – расидтис Леван Коберидзе.
Гиорги Гвимрадзе Леван Коберидзейæ æркуырдта сконкрет кодтаит, йæхи зæрдæмæ цæуы æви нæ куыд рухс кæны телеуынынад ног хабæрттæ уый.
«Мæнæн мæ ахаст ма сгарут… Сымах цы сарызтат парламенты, фадыгон экономикæйы æмæ экономикон политикæйы комитеты, фылдæрты депутатты фактонæй фæаххосджын кодтат цыма цыдæр сæ зæрдæмæ нæ цæуы æмæ цæвиттон уымæй ахæццæ стут уæ нысанмæ. Сконкрет кæнут уæ ныхæстæ» – загъта Коберидзе.
Гвимрадзейы фидиуæнæй, уымæн йæ нысан нæ уыд искæй фæазымджын кæнын, фæлæ бæстæйы æнтыстыл нымайы уый, цæмæй кæд парламентон фылдæртæн сæ зæрдæмæ нæ цæуы куыд рухс кæнынц фæзындтæ телеуынынады уый.
Парламенты фадыгон экономикæйы æмæ экономикон политикæйы комитеты рабадтыл «Уацхæссынады фæдыл» закъоны ивындзинадыл тæрхон кæнынц.