Испанийы премьер-министр Каталонимæ ныццыд
Испанийы  премьер-министр Каталонимæ ныццыд

Испанийы  премьер-министр  Каталонимæ ныцыд.  Мариано  Рахойийæн уый у фыццаг визит  Барселонамæ,   Мадрид регионæн  автономийы статус рæстæгмæ куы аскуыдта  уый фæстæ.  Испанийы  хицауады сæргълæууæг, фембæлд йæ фарсхæцджытимæ  æмæ  21  декабрмæ нысангонд æмгъуыдагъоммæ æвзæсртытыл,  «Адæмон Партийы»  кандидаттæ бавдыста.

Уый  ноджы иу хатт бамбарын кодта,   хицауады позици  æмæ  загъта, цæмæй  каталойнаг сепаратисттæ  йын, автономийы рæсгтæгмæ сæмбонд кæнынæй  уæлдай, æндæр фадат нал ныууагъдтой.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,  æвзæрстыты фæстæ  Каталонийы «сепаратистон хаос хъуамæ фæуа».