Испайнаг медиа – Каталонийы  хæдбардзинады референдуммæ хифæкæнды  хъуыддагыл, Уæрæсейы æмæ Украинайы æмбæстæгты æрцахстой
Испайнаг медиа – Каталонийы хæдбардзинады референдуммæ хифæкæнды хъуыддагыл, Уæрæсейы æмæ Украинайы æмбæстæгты æрцахстой

Испайнаг  медийы   хъусинагæй, Каталонийы  хæдбардзинады фæдыл  референдуммæ хифæкæныны   хъуыддагыл   Уæрæсейы  æмæ   Украинайы æмбæстæгты  æрцахстой.   «Эл Мундо» куыд хъусын кæны  афтæмæй,    фæдæвзарæны фæлгæтты,  фыццаг   гуырысхогондты   ивгъуыд азы  октябры  æрцахстой.

Испайнагæвзагон   рауагъдад   фыссы,   цæмæй  зæгъгæ  Украина æмæ Уæрæсейы  дыууæ æмбæстагы   Жиронайы   провинцийы æрцахстой,  уыдон хæдтулгæйæ  Францы арæны æрдæм куы  фæцæйцыдысты уæд.  Сæ хæдтулгæ  регистрацигонд уыд Белорусы. Ахстгондтæй сæ  иуы   портфелы  уырыссаг гранатæ  ссардтой.

Ахстгондтæн аххосаг бавдыстой  хæцæнгарзы  æнæзакъононæй хæссыны.  Уымæй  уæлдай ма,  ахстгондтæ  зæрдæхсайд сты  Уæрæсейы  пайдайæн  дзырдхæссынады.  Сæрмагондæй та   украинагы æмæ уырыссагы, Каталонийы  хæдбардзинады фæдыл   референдумы организацидзинады   аххосджын кæнынц.  Фæдæвзарæнмæ  ис зæрдæхсайд,  цæмæй  ацы  фæндагæй   уыдон  Испанийы   политикъон ситуацийы  дестабилизаци скæнын  архайдтой.

Бакой уын кæндзыстæм, цæмæй  уæдмæ  фæбæрæг,  ома  Испанийы   хицауад  2017 азы   уагъд   референдумы  Уæрæсейы  спецкуыстыты   гæнæн хифæкæнды  раргом кæнынæн  фæдæвзарынмæ æрывнæлдта.

Испанийы  хицауады  минæвæрттæ  нырма 2017 азы  ноябры,  бæлвырд кодтой, цæмæй  зæгъгæ Испанийы   адæймæгты  цалдæр къорд  Уæрæсейы    пайдайæн архайынц.   Мадриды   бæлвырд кæнынц, цæмæй   ацы къордтæ   социалон хызæгты  æмæ æндæр   интернетрессурсты фæрцы,  Каталонийы  хæдбардзинады  фарсхæцæг пропагандæ  хæлиу кодтой.

Испанийы  Уæрæсейы  минæвар, испайннаг  медийы  публикацигонд   информацийы,  мæнгæй  схуыдта.