Журналистон фæдæвзарæнты æхсæнадæмон консорциумы,«Paradise Papers»-ы æрмæджыты публикацийы фæстæ, евроцæдис кæсы «Сау Номхыгъды» саразыны фарст
Журналистон фæдæвзарæнты æхсæнадæмон консорциумы,«Paradise Papers»-ы æрмæджыты  публикацийы фæстæ, евроцæдис кæсы «Сау Номхыгъды»  саразыны фарст

Журналистон фæдæвзарæнты  æхсæнадæмон консорциумы, «Paradise Papers»-ы  æрмæджыты  публикацийы фæстæ, евроцæдис «Сау Номхыгъды»  саразыны фарст кæсы.  Уый фæдыл  агентад  «Reuters»-ы информацийæ,  экономикæйы  фарстыты  еврокамисар  Пбер Москович расидтис.

Еврокомисары  фидиуæнæй,  «Paradise Papers»-ы фæдыл сакнцитæ  хъуамæ æрцæой ист.  Москович куыд банысан кодта афтæмæй,  нæмæнгхъæуæг у, офшорон зонæты  «сау номхыгъды» саразын. Фæнысангонд фарсты, еврокъорды  финансты министртæ, Брюсселы  фембæлдыл  абон æркæсдзысты. 

2016 азы  еврокамис  сарызта 81 бæстæйы  æмæ  юрисдикцийы  номхыгъд,   кæцыйы  мидæг, фиддонтæй  хи аиуварс кæныны  схемæты  уææрæхæй  пайда кæныны  гæнæндзинад сфиксир ис.

Журналистон фæдæвзарæнты   æхсæнадæмон консорциум (ICIJ) Paradise Papers-ы номæй, ахæлиу кодта   æрмæджытæ,   кæцытæ  архайæг  æмæ раздæры  дунейы  лидерты офшорон  операцитæм æххæссынц.

Публикацигонд  документы  фигрури кæнынц  Иугонд Паддзахады  успаддзах  Элизабет Дыккаг,   Дональд Трампы  кабинеты уæнгтæ – базарады  нымæрдар Уилбур  Росси  æмæ паддзахадон нымæрдар   Рекс Тиллерсон,  америкаг генерал  Уэсли Кларк,  Колумбийы  президент  Хуан Мануель Сантос,   Канадæйы  раздæры прмемьекртæ,  Турчы премьер-министр  Бинали Йылдырымы  хъæбултæ,  Уæрæсейы  Думайы   депутаттæ, Алексей  Зубов æмæ Владимир Блоцки, «Роснефты»  кухдариуæггæнæджы раздæры  бинойнаг  Марина Сечина,   афтæдæр   зарæггæнджытæ Мадонна æмæ Боно. Æрмæджыты  дзырдæуы  ахæм ставд компаниты  фæдыл, цахæмдæр сты  Apple, Nike, Uber.