Журналистон фæдæвзарæнты æхсæнадæмон консорциумы,«Paradise Papers»-ы æрмæджыты публикацийы фæстæ, евроцæдис кæсы «Сау Номхыгъды» саразыны фарст
Журналистон фæдæвзарæнты æхсæнадæмон консорциумы, «Paradise Papers»-ы æрмæджыты публикацийы фæстæ, евроцæдис «Сау Номхыгъды» саразыны фарст кæсы. Уый фæдыл агентад «Reuters»-ы информацийæ, экономикæйы фарстыты еврокамисар Пбер Москович расидтис.
Еврокомисары фидиуæнæй, «Paradise Papers»-ы фæдыл сакнцитæ хъуамæ æрцæой ист. Москович куыд банысан кодта афтæмæй, нæмæнгхъæуæг у, офшорон зонæты «сау номхыгъды» саразын. Фæнысангонд фарсты, еврокъорды финансты министртæ, Брюсселы фембæлдыл абон æркæсдзысты.
2016 азы еврокамис сарызта 81 бæстæйы æмæ юрисдикцийы номхыгъд, кæцыйы мидæг, фиддонтæй хи аиуварс кæныны схемæты уææрæхæй пайда кæныны гæнæндзинад сфиксир ис.
Журналистон фæдæвзарæнты æхсæнадæмон консорциум (ICIJ) Paradise Papers-ы номæй, ахæлиу кодта æрмæджытæ, кæцытæ архайæг æмæ раздæры дунейы лидерты офшорон операцитæм æххæссынц.
Публикацигонд документы фигрури кæнынц Иугонд Паддзахады успаддзах Элизабет Дыккаг, Дональд Трампы кабинеты уæнгтæ – базарады нымæрдар Уилбур Росси æмæ паддзахадон нымæрдар Рекс Тиллерсон, америкаг генерал Уэсли Кларк, Колумбийы президент Хуан Мануель Сантос, Канадæйы раздæры прмемьекртæ, Турчы премьер-министр Бинали Йылдырымы хъæбултæ, Уæрæсейы Думайы депутаттæ, Алексей Зубов æмæ Владимир Блоцки, «Роснефты» кухдариуæггæнæджы раздæры бинойнаг Марина Сечина, афтæдæр зарæггæнджытæ Мадонна æмæ Боно. Æрмæджыты дзырдæуы ахæм ставд компаниты фæдыл, цахæмдæр сты Apple, Nike, Uber.