Дональд Трмап Ким Чен Ыны схуыдта « ныллæг æмæ хытъынджынæй».
АИШ-ы 45 –æм президент «Twitter»-ы фарсыл куыд фыссы афтæмæй, «Ким Чен Ын æй «зæрондæй» схуыдта, фæлæ йæхæдæг никуы загъта цæмæй Цæгат Кореяйы лидер у «ныллæг æм хытъынджын».
Ацы фидиуæны Трамп нæ ацух кодта, Ким Чен Ынимæ «схæлар уын», АИШ-ы президенты микроблогы ныффыст фæзыдис, Вьетнамы президентимæ фембæлдыæй цалдæр сахаты размæ. Ацы бадзырдты фæст Трамп фехъусын кодта, цæмй диссаджы медиатор у æмæ азиаг лидертæн, Хуссар Китайы алыварс дауу аскуыддзаг кæныны хъуыддаджы сын æххуыс банхъарыд.
Тайваны уагъд пресс-конференцийы Трампы бафарстой, гæнæ ис æви нæ цæмæй уый æмæ Ким Чен Ын æцæгдæр слымæн уой, кæцыйыл АИШ-ы президент расидтис, цмæй уый зæгъгæ тынг æнахуыр уыдаит фæлæ ахæм гæнæн ис.
Бакой уын кæндзыстæм, цæмй уымæй размæ Пхеньяны Трмапы фæаххосджын кодтой хæстон риторикæйы æмæ дзырдтой, цæмæй йæ фидиуæнтæ Цæгат Кореяйы æрдæгсакъадахыл уавæры эскалаци цырын кæыннц.