Дональд Трампы ныхæстæм гæсгæ, Японий АИШ_ы нысаниуæгджын æмцæдисон у.
Ацы фидиуæны АИШ-ы президент сарызта Японийы, кæдæм дæо официалон визитæй абон ныццыд. «Мах никуы фæхатыр кæндзыстæм, никуы фæгæдзæ кæндзыстæм, хъуыддаг нæ адæмы сæрибардзинад хъахъхъæдмæ æмæ не номдзыд Америкæйы тырысамæ куы æххæссы уæд. Ма дæр искæцы режимæ, кæнæ диктатор, кæнæ та бæстæ, фæдызæрдыг кæнæт мах æмбæлон дзуапп ратдзыстæм» – расидтис Дональд Трамп Японийы дисцлоциргонд америкаг æфсæддæттимæ фембæлды рæстæджы.
АИШ-ы президент нырид фембæлд Японийы премьер-министримæ. Дональд Трамп æмæ Синдзо Абэ абон иумæ хъазыдысты гольф.
АИШ-ы лидеры азийаг турне аххæссдзæн 12 боны. Уый ныццæудзæн Хуссар Кореямæ, Тайванмæ, Китай æмæ Филлипинтæм. Йæхæдæг президент куыд банысан кодта афтæмæй, Азимæ балцы рæстæджы уый хъауы фембæлы Уæрæсейы президентимæ. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, АИШ-ы хъæуы Путины æххуыс Цæгат Кореяйы проблемæйы аскуыддзаг кæнынæн.