Дональд Трампы æмæ Владимир Путины фембæлд сырæздзæн 10  ноябры
Дональд Трампы æмæ Владимир Путины фембæлд сырæздзæн 10 ноябры

Дональд Трампы æмæ Владимир Путины фембæлд сырæздзæн 10  ноябры. АИШ-ы æмæ   Уæрæсейы президенттæ,  кæрæдзиимæ фембæлдзысты Вьетнамы  плангонд АРЕС-ы  самиты фæлгæтты.

Æхсæнадæмон  фарстыты  Уæрæсейы  президенты  æххуысгæнæджы, Юрий Ушаковы  фидиуæнæй,   ацы рæстæгмæ   фембæлды  бæлвырд   рæстæгы фæдыл цæуынц бадзырдтæ. Дыууæфарсон  фембæлды  организацион  куыстыты баст сты дыууæдæр президенты  офистæ.

Азий-Сабыр Океаны  экономикон  æмгуыстады  æхсæнадæмон самит Вьетнамы  10 æмæ 11  ноябры  ацæудзæн.