Джансугъ Чарквианийы бавæрдтой Мтацъминдайы пантеоны

Гуырдзиаг поэт Джансугъ Чарквианийы Мтацъминдайы  фыссджыты  æмæ  æхсæнадон архайджыты   пантеоны  бавæрдтой.  Поэты панихидæ сырæзт  Самебайы кафедралон аргъуаны.

Джансугъ Чарквианийы  бинонтæн тæфæрфæс ракодтой  премьер-министр Гиорги Квирикашвили, Гуырдзыстоны  культурæйы  министр  Михеил Гиоргадзе, Тбилисы ногæвзæрст мер Каха Каладзе, Гуырдзыстоны раздæры  премьер-министр  Бидзина Иванишвили æмæ йæ  бинойнаг.

Джансугъ Чарквианийы бавæрдтой, фыссæг æмæ философы, Бачана Брегвадзейы  фарсмæ.

Джансугъ Чарквиани  6 ноябры 86 азы кары  æрбамард.  Абон  сæумæрайсомы 11:00  гражданон панихидæ  цыдис Самебайы кафедралон аргъуаны.