Дани, Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн,Уæрæсейы агрессийы басæттынæн рауæлдай кæндзæн 860 милуан къроны
Дани,  Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн,Уæрæсейы агрессийы басæттынæн рауæлдай кæндзæн 860  милуан къроны

Дани,  Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн, Уæрæсейы агрессийы басæттынæн   рауæлдай кæндзæн 860  милуан къроны.  Уый фæдыл  Данийы  фæсарæн хъуыддæгты  минстр Андерс Самуельсен расидтис.

Бынæттон медиа куыд фыссы афтæмæй,   министрад  ног сыхагон политикæ нырид сбæлвырд кодта,  кæцы  Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн  2017-2021  азты,  860 милуан  къроны рауæлдай кæнын  дары йæ хъуыдыйы.

Самуельсены  ныхæстæм гæсгæ,  Гуырдзыстоны  иу фæндзæм хай  у  Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд  æмæ  хицауад зæгъгæ  ацы территориты нæ кантрол кæны.

«Фæнды  нæ  баххуыс кæнæм   Гуырдзыстон æмæ Украинæйæн,  цæмæй  суой  фидар æмæ  хорз кусæг  демократийæ.  Мах сын баххуыс кæндзыстæм  дыууæ дæр бæстæйы бизнесæн, цæмæй  евроцæдисимæ сæрибар базарады бадзырдæй фылдæр пайда  райсой.  Ай у сегасæй  хуыздæр фæндаг,  цæмæй  Гуырдзыстон æмæ Украинæ, æрхæстæг уой Европæимæ.   Уымæ баххæссынæн та финансонæй  фидар  бæстæтæй хъуамæ суой» –  хъусын кæны  Самуельсен.