Дани æмæ Нидерландтæ уырыссаг бомбæкалджыты арæнмæ хæстæг батæхыны тыххæй, авиаскуынæггæнджыты арвыстой
Дани æмæ Нидерландтæ уырыссаг бомбæкалджыты арæнмæ æввахс батæхыны тыххæй, авиаскуынæггæнджыты арвыстой.
Данийы æмæ Нидерландты хъахъхъæнынады министрадты информацийæ, инцидент бынæттон рæстæгæй сæумæрайсомы 07:00 сахатыл æрцыд.
Данийы хъахъхъæнынады уагдоны хъусинагæй, дыууæ уырыссаг хæдтæхæджы идентификаци скодтой æхсæнадæмон уæлдæфон тыгъдады Цæгаты Денджызы сæрыл, фæлæ уыдон данийы уæлдæфон тыгъадмæ нæ батахтысты.
Нидерландты æфсад æхсæнадæмон уæлдæфон тыгъдадмæ дыууæ аввиаскуынæггæнæгы арвыста.
F-16 kampfly fra @forsvaretdk var til morgen oppe for at identificere to russiske fly i internationalt luftrum over Nordsøen. De russiske fly var på ikke noget tidspunkt inde i dansk luftrum. #dkforsvar #værdatkæmpefor https://t.co/H3bPkp7azg
— Forsvaret (@forsvaretdk) August 14, 2023