Францы хъахъхъæнынады министр - 2008  азы ныууæнгтæ кодтой Гуырдзыстон, 2014 азы та æрлæууыд  Украинæйы  рад
Францы хъахъхъæнынады министр - 2008 азы ныууæнгтæ кодтой Гуырдзыстон, 2014 азы та æрлæууыд Украинæйы рад

2008  азы Гуырдзыстон  ныууæнгтæ кодтой, 2014 азы  та  æрлæууыд  Украинæйы  рад –   уый фæдыл  атлантикон  советы дзырдæй ралæуды рæстæджы, Францы  хъахъхъæнынады министр  Флоренс Парли   райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ  Гуырдзыстоны кæнæ Украинæйы хуызæн цауты сфæлхатт уыдзæн  æнæ æрмæст катастрофион фæлæ ма, уыдзæн æрвитæггаг æппæт дунемæ, цæмæй  АИШ-ы хъомыс  фæлæмæгъдæр ис.

«Кæд АИШ-ы æндиуддзинад  лæмæгъыл банымадтой, уæд æй сгарын адарддæр кæндзысты.  Ныридæгæн уыд Гуырдзыстон æмæ уыд Украинæ.  Кæд махмæ  ноджы  сывзæрдзæн  Гуырдзыстон кæнæ Украинæйы дæнц НАТО-ы  арæнты  мидæг, уæд уый  уыдзæн  æнæ æрмæст катастрофæ, фæлæ  ма  æппæт  дунемæ , ома АИШ-ы  æндæвдад фæкъаддæр ис», – райхъусын кодта Флоренс  Парли.

Францы  хъахъхъæнынады  министр  АИШ-ы æмæ   европæйы   æмгуыстады   нысаниуæгыл фæныхас кодта. Флоренс Парли  банысан кодта,  цæмæй европаг  бæстæтæ   сæ  хæдиргъæфхъомад  фæтыхджындæр кæныны æрдæм  къахдзæфтæ  хъуамæ саразæт, уымæн æмæ зæгъгæ континентыл  æдасдзинад  серьозон  быцæусидты раз ралæууыд.

Францаг  бæрзонд гæсы дзырдæй,  европаг  автономийы  фæтыхджындæр  кæнын нæу  АИШ-ы  ныхмæ  къахдзæф. Уымæй  дарддæр ма,   хъахъхъæнынады  хардзтыл  ныхасы рæстæджы  Флоренс Парли   банысан кодта, цæмæй  Франц,  æндæр  европаг  паддзахадтимæ иумæ, цæттæ у  бæрн йæхимæ фылдæр хайæ райса.  Йæ ныхæстæм гæсгæ,   евроцæдисы  хæдиргъæфхъомады  фæтыхджындæрæй  Вашингтонæн фенцондæр уыдзæн, фæлæ  уый  нæ нысан кæны, цæмæй АИШ-æ  къаддæр баст уыдзæн   процессты.

Францы  хъахъхъæнынады  министр, йæ раныхасы  кæрон  АИШ-ы хицауадмæ  баздæхт  æмæ  райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ  Вашингтонæн йæ бон у  Европæйæ ныфсджын уа.